«Националон Змæлд» рог æмæ къаддæр уæзы фыдракæндтæн тæрхонгонд уæнгтæн амнисти рауадзын домы
«Националон Змæлды» уæнг Сопо Джапаридзе рацыд инициативæйæ, ома рог æмæ къаддæр уæзы фыдракæндты тыххæй тæрхонгæндтæм баххæсса амнисти æмæ уайтагъд ссæрибар уæд.
Сопо Джапаридзейы дзырдæй, зæгъгæ ахæстæтты коронавирусы ахæлиуы тыххæй, ахæсттæ уæззау уавæры сты æмæ уæвæг инфраструктурæйы уавæрты дистанци хъахъъæнын дæр зын у.
«Ахæстæтты ис ковид-стынд, нæ æмбæстæгтæ сты уæззау уавæры. Нырма нæ зонæм, цы масштабтимæ нын ис хъуыддаг, фæлæ уымæ гæсгæйæ цæмæй цасæй нæм дзурынц ахæстты бинонтæ, мæ бон зæгъын у, цæмæй ацы масштаб цъус нæу, бирæтæ сты рынчын æмæ сæ хъæуы баххуыс сын кæнæм.
Мах стæм хæсты, кæцыйы рæстæдлжы абон афон у, цæмæй сын фегом кæнæм ахæстоны дуар æмæ сын афтæмæй фенцондæр кæнæм сæ уавæр. Сæвдæлон кæнæм ахæстæттæ æмæ фервæзын кæнæм алкæй дæр. Ацы практикæ нын равдыста Европæйы бирæ бæстæ. Дæнцæн Британи, Нидерландтæ, Франц æмæ уынæм цæмæй пандемийы райдаынæй абоны онг, 10 процентæй фæкъаддæр ис ахæстты нымæц. Афтæмæй ай у иунæг фæндаг, цæмæй дæр нæ бон у сæ цард фервæзын кæнын» – банысан кодта Сопо Джапаридзе.