«Националон Змæлд» - партийы къухдариуæгад æххæст бæрн исы йæхимæ, ома протестон акцитæ нæ ацæудзæн уыцы рынчындоны цур, кæнæ йæ алфæмбылæйтты, кæцы ранмæ дæр аласдзысты президент Саакашвилийы
«Иугонд Националон Змæлд» Гуырдзыстоны раздæры президент Михеил Саакашвилийы бирæпрофилон клиникæмæ аргъæвыны тыххæй фидиуæн публикаци кæны.
Фидиуæны куыд дзырдæуы афтæмæй, парти æмæ йæ къухдариуæгад æххæст бæрн исынц сæхимæ уый фæдыл, ома протестон акцитæ нал сараздзысты уыцы рычындоны рраз, кæнæ йæ алфæмбылæйтты, кæцы ранмæ дæр аласдзысты Михеил Саакашвилийы.
«Фыццаг октябрæй нæхргæ протестгæнæг Гуырдзыстоны æртыккаг президенты æнæниздзинады уавæр карз фæфыддæрдæри. Сæрмагондæй та уый фæстæ, уыйы 2021 азы 8 ноябры Руставы ахæстонæй пенитенцион рынчындонмæ тыхбынæй аластой. Йæ аконд сыххæст ис адæмон хъахъхъæнæгы, барты хъахъхъæнæг æнæхицауадон организациты æмæ дохтырты бирæ сидты ныхмæ, кæцытæ уыдысты раздæры президенты акондмæ бирæпрофилон æмбæстагон клиникæмæ, цы ран йын адекватон медицинон æххуысы æмæ Саакашвилийы физикон æдасдзинады хъахъхъæд сифтонг кæнын уыдаит гæнæн.
Михеил Саакашвилийы фидиуæнæй, Глданы ахæстоны йæ физикъонæй бафхæрдтой, æрмæст йæ аконд та сыххæст ис йæ фæнды ныхмæ. Гуырдзыстоны адæмон хъахъхъæнæг бæлвырд кæны, цæмæй алæвæрды фæдыл разыдзинады формæ нæй. Уый йеддæмæ ма, ахæстты æрдгæй Саакашвилийы æмæ йæ визиторты æфхæрæн хъæртæн сæ нысан у уымæ уæлæмхас психологион æлхъывдмæ. Омбудсмены фидиуæнæй, аууæл, кæцымæ Михеил Саакашвилийы аластой у йæ джелбетт æфхæрæг.
Джелбетт æфхæрæг, ахæстоны админстрацийы æмæ рынчындоны медицинон персоналыл æнæууæнкы æфсонæн, президент Саакашвили нæзагъд ракодта ацы уагдоны кæцыфæнды хуызы хоскæныныл. ЙÆ сæрмагонд дохтыр Николоз Хъипшидзе хъусын кæны, цæмæй тагъд медицинон æххуысæй цух, преизденты цардмæ æртхъирæн кæны тас.
Адæмон хъахъхъæнæг афтæдæр райхъусын кодта, цæмæй Глданы ахæстоны рынчындоны адекватон медицинон æххуыс сифтонг кæнын гæнæн нæй æмæ æрдомтта «Æнæаргъæвгæйæ аласын альтернативон медицинон уагдонмæ», цыран йæ джелбетт, цард, æнæниздзинад æмæ æдасдзинад æмбæлгæйæ хъахъхъæд уыдзысты. Идентон позици ис æнæхицауадон организацитæм дæр.
«Иугонд Националон Змæлд» æмæ йæ къухдариуæгад æххæст бæрн исынц уый фæдыл, цæмæй протестон акцитæ нæ ауадздзысты уыцы рынчындоны æддæйæ кæнæ йæ алфæмбылæйтты, кæцыранмæ дæр аласдзысты президент Саакашвилийы. Сабырадон протестон акциты ауадзын плангонд у æндæр æмæ æндæр локацитыл, фæлæ æртыккаг президенты кæцыфæнды альтернативон медицинон уагдонмæ аласыны цауы, бынатыл кæнæ уыцы ранмæ хæстæг протестон акци нæ уыдзæн, цæмæй сæхи аиуварс кæной цыфæнды хуызы провокацийæ.
Нæ сæйраг нысан у президент Саакашвилийы цард аирвæзын кæнын æмæ йæ адæймагон джелбетт бахъахъхъæнын, кæцы æнæфевгъуийæг тасы разы ис уæвæг уавæры» – банысангонд у фидиуæны.