«Националон Змæлд» - партийы къухдариуæгад  æххæст бæрн исы йæхимæ, ома протестон акцитæ нæ ацæудзæн  уыцы рынчындоны цур, кæнæ йæ алфæмбылæйтты, кæцы ранмæ дæр аласдзысты президент Саакашвилийы
«Националон Змæлд» - партийы къухдариуæгад æххæст бæрн исы йæхимæ, ома протестон акцитæ нæ ацæудзæн уыцы рынчындоны цур, кæнæ йæ алфæмбылæйтты, кæцы ранмæ дæр аласдзысты президент Саакашвилийы

«Иугонд Националон Змæлд»  Гуырдзыстоны раздæры  президент Михеил Саакашвилийы  бирæпрофилон  клиникæмæ аргъæвыны тыххæй   фидиуæн публикаци кæны.

Фидиуæны куыд дзырдæуы афтæмæй,  парти  æмæ йæ  къухдариуæгад  æххæст  бæрн исынц сæхимæ уый фæдыл, ома протестон  акцитæ  нал сараздзысты уыцы  рычындоны рраз, кæнæ йæ  алфæмбылæйтты, кæцы ранмæ  дæр  аласдзысты Михеил Саакашвилийы.

«Фыццаг октябрæй  нæхргæ протестгæнæг  Гуырдзыстоны æртыккаг  президенты æнæниздзинады уавæр  карз фæфыддæрдæри.  Сæрмагондæй та  уый фæстæ, уыйы 2021 азы  8 ноябры  Руставы ахæстонæй   пенитенцион  рынчындонмæ тыхбынæй аластой.  Йæ аконд сыххæст ис адæмон хъахъхъæнæгы, барты хъахъхъæнæг æнæхицауадон  организациты æмæ  дохтырты   бирæ  сидты  ныхмæ, кæцытæ уыдысты  раздæры президенты акондмæ бирæпрофилон  æмбæстагон клиникæмæ,  цы ран йын  адекватон  медицинон  æххуысы æмæ  Саакашвилийы физикон æдасдзинады  хъахъхъæд сифтонг кæнын уыдаит гæнæн.

Михеил Саакашвилийы фидиуæнæй,  Глданы  ахæстоны йæ физикъонæй бафхæрдтой, æрмæст  йæ аконд та  сыххæст ис  йæ  фæнды ныхмæ.  Гуырдзыстоны адæмон хъахъхъæнæг бæлвырд кæны, цæмæй  алæвæрды  фæдыл разыдзинады формæ  нæй.  Уый йеддæмæ ма, ахæстты æрдгæй  Саакашвилийы  æмæ йæ  визиторты æфхæрæн  хъæртæн сæ нысан у  уымæ уæлæмхас  психологион  æлхъывдмæ.  Омбудсмены фидиуæнæй,   аууæл, кæцымæ  Михеил Саакашвилийы аластой  у йæ  джелбетт æфхæрæг.

Джелбетт  æфхæрæг, ахæстоны админстрацийы  æмæ  рынчындоны медицинон персоналыл æнæууæнкы  æфсонæн, президент Саакашвили нæзагъд ракодта  ацы уагдоны кæцыфæнды хуызы  хоскæныныл.  ЙÆ сæрмагонд дохтыр Николоз  Хъипшидзе хъусын кæны, цæмæй  тагъд медицинон æххуысæй цух, преизденты цардмæ  æртхъирæн кæны тас.

Адæмон хъахъхъæнæг  афтæдæр райхъусын кодта, цæмæй Глданы ахæстоны рынчындоны адекватон  медицинон æххуыс сифтонг кæнын  гæнæн нæй  æмæ  æрдомтта «Æнæаргъæвгæйæ  аласын альтернативон  медицинон уагдонмæ», цыран йæ  джелбетт, цард, æнæниздзинад æмæ æдасдзинад  æмбæлгæйæ хъахъхъæд уыдзысты.  Идентон позици ис  æнæхицауадон  организацитæм дæр.

«Иугонд Националон Змæлд»  æмæ йæ  къухдариуæгад æххæст бæрн исынц уый фæдыл, цæмæй  протестон акцитæ нæ ауадздзысты уыцы рынчындоны æддæйæ  кæнæ йæ алфæмбылæйтты, кæцыранмæ дæр аласдзысты  президент  Саакашвилийы.  Сабырадон  протестон акциты  ауадзын плангонд у  æндæр æмæ æндæр локацитыл, фæлæ æртыккаг  президенты кæцыфæнды  альтернативон  медицинон уагдонмæ аласыны цауы, бынатыл   кæнæ уыцы ранмæ   хæстæг  протестон  акци  нæ уыдзæн,  цæмæй сæхи аиуварс кæной цыфæнды хуызы провокацийæ.

Нæ сæйраг нысан у президент Саакашвилийы цард аирвæзын кæнын æмæ йæ адæймагон джелбетт бахъахъхъæнын, кæцы æнæфевгъуийæг тасы  разы ис уæвæг уавæры» –  банысангонд у фидиуæны.