Националон банкы абон советы рабадты ацыд, кæцыйыл ГНБ-ы вице-президентæй Натиа Турнавайы сывзæрстой, кæцы йæхи æрдгæй, фыццаг вице-президенты пост ахста æмæ уымæ гæсгæ дæр, рæстæгмæ, президенты хæстæ æххæстгæнæг дæр уыдзæн.
Натиа Турнавайы кандидатурæйæ советы авд уæнгæй фондз схъæлæс кодта, дыууæ та сæхи фæурæдтой.
Ног постыл Националон банкы фæдыл закъоны ивддзинæдтæ дары йæ хуъыдыйы, кæцы йæ тыхмæ бахызтиспарламент президенты ветойы сæрты куы ахызтис уæд.
Хизгæ периоды цалынмæ иуæй-иу вице-президентæн советы уæвыны æмгуъыд нæ фæуыдзæн, националон банкæн уыдзæнцыппар вице-президент.
Ацытæккæ Националон банкы советæн авд уæнг ис, советы уæнгдзинадæн ноджы дыууæ кандидаты Саломэ Зурабишвили парламентæн бавдыста, фæлæ стыр æвæццæгæнад ис, цæмæй фылдæртæ куыд дзурынц, президенты бавдыст кандидатурæтæн уыдон сæ фарс нæ архæцдзысты. Фæлæ афтæдæр банысан кæнын хъæуы, цæмæй советы авд уæнгæн сæ бон у, Националон банкы президенты сывзарын, кæцыйы йæхи æрдгæй сфидар кæны Гуырдзыстоны президент.
Националон Банкы президенты хæстæ Арчил Мествиришвили æххæст кодта, уый та, цæугæ азы 2 марты Коба Гвенетадзейæн авдазон æмгъуыд аивгъуыд.
Натиа Турнавайы тыхæхй куы зæгъæм уæд та, уый 2022 азы июны бахызт Националон Банкы советмæ, уæдмæ та Гуырдзыстоны экономикæйы министры пост ахста.