Нациналон Банк – «ВТБ Банк Гуырдзыстоны» юридикон уæнгты депозитты æмæ кредитты бæрæг хай ахиздзæни «Либерти Банкмæ»
Гуырдзыстоны националон банк финансон секторы цæугæ ивдтыты фæдыл фидиуæн ахæлиу кодта.
Фидиуæнмæгæсгæйæ, Украинайы Уæрæсейы цы хæст райдыдта уый фæстæ уагæвæрд санкцитæ аххæссыдысты Гуырдзыстоны архайæг «ВТБ Банк Гуырдзыстонмæ» дæр.
«ВТБ Банк Гуырдзыстоны» æмæ «Базис Банк»-ы æхсæн баххст ис бадзырд, кæцымæ гæсгæ дæр, «ВТБТ Банк Гуырдзыстоны» уæвæг физикон уæнгты æфснайæн хыгъдтæ æмæ кредиттæ ахызтысты Базис Банкмæ. Фæнысангонд уæнгты интересты максималонæй хъахъхъæды æмæ ифтонгадæн, консультацитæ финансон секторы минæвæртты æхсæн адарддæр сты. Консультациты фæстиуæгæн «ВТБ Банк Гуырдзыстоны « æмæ «Либерти Банкы» æхсæн баххæст ис бадзырд, кæцымæ гæсгæ дæр «ВТБ Банк Гуырдзыстоны» юридикон уæнгты депозитты æмæ кредитты бæрæг хай ахиздзæнис «Либерти банкмæ». «ВТБ Банк Гуырдзыстоны» пайдагæнджытæн фæнысангонд банктæ деталон информаци индивидуалонæй дæттынц» дзырдæуы фидиуæны.