Молдовайы тæрхондон Гагаузийы лидер Евгения Гуцулæн 7 азы ахæстоны фæбадыны тæрхон рахаста
Молдовайы тæрхондон Гагаузийы лидер Евгения Гуцулæн 7 азы ахæстоны фæбадыны тæрхон рахаста

Молдовайы тæрхондон Гагаузийы лидер Евгения Гуцулæн 7 азы ахæстоны фæбадыны тæрхон рахаста – уый фæдыл информаци Молдовайы меди хъусын кæны.

Гуцулы аххосджын кодтой 2023 азы æвзарæнон кампанийы рæстæджы æнæзакъонон финанскæнынад райсыны, документтæ, хыгъдлæвæрдтæ æмæ декларациты фальсификацийы. Фæдæвзарæн бæлвырд кæны, цæмæй Евгения Гуцул, Шоры партийы нымæрдарæй кусгæйæ, Уæрæсейæ Молдовæмæ 2,4 милуан доллар æрбаласта партийы финанскæныны тыххæй.

2023 азы июны Молдавийы конституцион тæрхондон «Шори»-йы партийы æнæконституционыл банымадта æмæ йæ скуынæг кæныны бардзырд радта. Молдовайы хицауад «Шорийы» парти аххосджын кæны, цæмæй массон митингтæ аразгæйæ, бæстæйы дестабилизаци кæны. Парти «Шор»-ы бындурæвæрæг, амалхъом адæймаг Илан Шорæн заочно стæрхон кодтой 15 азы ахæстоны фæбадын Моловайы. Ныртæккæ ис Мæскуыйы.

Гуцули йæхæдæг æмæ йæ фарсхæцджытæ аххосæгтæ политикон мотивацигонд хонынц. Гуцули гом фыстæджы бахатыд Уæрæсейы президент Владимир Путинмæ, кæцыйы æххуыс куры æмæ йæ ссæрибар кæныны тыххæй алы механизмæй дæр спайда кæна. Аналогион куырдиат уый дæр бахаста Турчы президентмæ.

Уæ информацийæ, Молдовайы 28-æм сентябры парламентон æвзæрстытæ ацæудзысты.