Молдовайы президентон æвзæрстыты дыккаг тур цæуы.
Æмбæстæгтæ хъуамæ равзарой ныры президент, «Архайд æмæ æмзæрдæдзинад»-ы кандидат Майя Санду æмæ раздæры сæйраг прокурор, социалистон партийы кандидат Александр Стояноглойы æхсæн.
Молдовайы æвзарæнон фадгуытæ бынæттон рæстæгæй 07:00 сахатыл байгом сты æмæ 21:00 сахатыл сæхгæндзысты.
Æмбæстæгтæн сæ бон у интернеты сбæрæг кæнын, регистраци кæм сты, уый.
Дунейы 37 бæстæйы байгом кодтой 234 æвзарæн фадыджы.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, æвзæрстыты фыццаг туры, кæцы уагъд æрцыд 20 октябры, Санду райста хъæлæсты 42,45%, Стояноглу та – 25,98%.