Молдовæйы фæсарæн хъуыддæгты министр хъусын кæны, цæмæй Конституцийæ бæрæг нейтраллитет бæстæйы бахъахъхъæнынæн æгъгъæд нæу
Молдовæйы фæсарæн хъуыддæгты министр Нику Попеску бæстæйы евроцæдисы уæнгсуæвын паддзахады æдасдзинады факторыл нымайы æмæ дзуры, цæмæй конституцийæ бæрæг нейтраллитет Молдовæйы бахъахъхъæнынæн æгъгъæд нæу.
«Молдовæйы конституци 1994 азы уыд ист. Зæгъæн ис, цæмæй фидиуæн бæстæйы нейтраллитеты фæдыл кæцы конституцимæ у хаст, æгъгъæд нæу нæ паддзахады æдасдзинад сифтонг кæнынæн. Реалонæй конституцийы уæлдай ма, тынг нысаниуæгджын у Молдовæйæн уа хæлæрттæ», – райхъусын кодта Попеску бынæттон медиаимæ интервьюйы.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ, чысыл паддзахадæн геополитикæйы сегасдæр тæссаг у иунæгæй уæвын.
«Евроцæдисы уæнгсуæвын нын ратдзæн фадат, фидæнмæ бирæ ныфсджынæй кæсæм, бамбарæм, цæмæй Молдовæйы Республикæ иунæг нæу проблемæты уæрæх спектры. Зонут, цæмæй нын ис тынг дзæбæх ахастытæ Румыниимæ. Румынийы президент цалдæр хатт райхъусын кодта, цæмæй цыфæнды æрцæуад регионы, Румыни Молдовæйы иунæгæй нæ ныууадздзæн. Мах ма афтæдæр кусæм Европаг партнертимæ æмæ Украинаимæ, Иугонд Штаттимæ æмæ Япониимæ, Канадæимæ – алкæйимæ, кæйдæриддæр фæнды реформæты адарддæр кæнын Молдовæйы, цæмæй махмæ фидæны дæр сабырдзинад æмæ стабилондзинад уа», – бафтыдта ма Нику Попеску.