Молдовæйы  фæсарæн хъуыддæгты министр хъусын кæны, цæмæй Конституцийæ  бæрæг  нейтраллитет бæстæйы бахъахъхъæнынæн  æгъгъæд нæу
Молдовæйы фæсарæн хъуыддæгты министр хъусын кæны, цæмæй Конституцийæ бæрæг нейтраллитет бæстæйы бахъахъхъæнынæн æгъгъæд нæу

Молдовæйы  фæсарæн  хъуыддæгты министр Нику Попеску бæстæйы  евроцæдисы уæнгсуæвын  паддзахады æдасдзинады факторыл нымайы  æмæ  дзуры, цæмæй   конституцийæ бæрæг   нейтраллитет  Молдовæйы  бахъахъхъæнынæн  æгъгъæд нæу.

«Молдовæйы конституци  1994 азы   уыд ист.  Зæгъæн ис, цæмæй фидиуæн бæстæйы   нейтраллитеты  фæдыл кæцы  конституцимæ у хаст,  æгъгъæд нæу   нæ паддзахады  æдасдзинад  сифтонг кæнынæн. Реалонæй  конституцийы  уæлдай ма,  тынг нысаниуæгджын у Молдовæйæн  уа   хæлæрттæ», – райхъусын кодта  Попеску  бынæттон медиаимæ интервьюйы.

Афтæма йæ  дзырдæй,   зæгъгæ, чысыл паддзахадæн  геополитикæйы  сегасдæр тæссаг у  иунæгæй  уæвын.

«Евроцæдисы  уæнгсуæвын нын ратдзæн  фадат,  фидæнмæ  бирæ  ныфсджынæй   кæсæм,  бамбарæм, цæмæй Молдовæйы Республикæ  иунæг нæу  проблемæты  уæрæх спектры.   Зонут, цæмæй   нын ис  тынг дзæбæх ахастытæ Румыниимæ. Румынийы президент  цалдæр хатт райхъусын кодта, цæмæй   цыфæнды æрцæуад регионы, Румыни Молдовæйы  иунæгæй нæ  ныууадздзæн. Мах ма афтæдæр кусæм  Европаг   партнертимæ  æмæ Украинаимæ, Иугонд Штаттимæ  æмæ Япониимæ, Канадæимæ – алкæйимæ, кæйдæриддæр фæнды  реформæты  адарддæр кæнын  Молдовæйы, цæмæй  махмæ  фидæны дæр сабырдзинад æмæ стабилондзинад уа», – бафтыдта ма Нику Попеску.