Молдовæ Днестргæрон регионы Уæрæсейы президентон æвзæрстытæ ауадзыны тыххæй, Уæрæсейы минæварады кусæгы персона нон-гратайæ банымадта
Молдовæйы фæсарæн хъуыддæгты министрад Днестргæрон регионы Уæрæсейы президентон æвзæрстыты ауадзыны тыххæй, Уæрæсейы минæварады кусæгы персона нон-гратайæ банымадта.
Фидиуæн Молдовæйы фæсарæн хъуыддæгты министр Михаил Попсой сарызта.
«Молдоваг фарс спротест кодта Уæрæсе Днестргæрон регионы кæй ауагьдта президентон æвзæрстытæ. Дипломаты банымадтам персона нон-гратайæ», – фыссы Попсой.
Министрады банысан кодтой, цæмæй Уæрæсейы минæвармæ нотæ ныридæгæ уыд лæвæрд, кæцыйæ минæварады кусæг Молдовæйы Республикæйы территорийыл æнæфæндон уæнгыл нымад æрцыд, уымæ æмбæлгæйæ дæр бæстæ хъуамæ ныууадза.