МХМ-ы хъусын кæнынц, цæмæй акцийыл æхсæнадон сæрфат халыны, барадхъахъхъæнджытæм ныхмæлæуды æмæ æфхæрыны тыххæй 14 гоймагы æрцахстой
Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады фидиуæнæй, пъæлицæй парламенты цур акцийыл 14 уæнгы æрцахста.
Уагдоны æмбарын кæнынц, цæмæй уыдон администрацион барадсастыты кодексы 166-æм æмæ 173-æм статитæм æмбæлгæйæ сты ахст.
«Барадхъахъхъæнджытæ æнæиухатт æрсидтысты акцийы организацигæнджытæмæ æмæ хайадисджытæм, цæмæй бакоммæкастаиккой мидхъуыддæгты министрады минæвæртты закъонон æркуырдмæ, ма рахызтаиккой æмбырды æмæ дзырды сæрибары закъонæй бауадзинаг фæлгæттæй, акцийы хайадисджытæ сæ зæрдыл нæ бадардтой сæ закъонон æркуырд, фехæлдтой æхсæнадон сæрфат, фæбыцæу сты барадхъахъхæнджытимæ æмæ сæ æфхæрдтой дзырдæй, цæй тыххæй дæр, пъæлицæй администрацион барадсастыты кодексы 166-æм æмæ 173-æм статитæм æмбæлгæйæ 14 гоймагы æрцахста», – дзырдæуы мидхъуыддæгты министрады фидиуæны.
Уыимæ МХМ-ы хъусинагæй, акцийыл зиæнттæ райста мидхъуыддæгты министрады иу кусæг.