МХМ-ы информацийæ, зноны акцийыл æхсæз барадхъахъхъæд райстой зиæнттæ, ахст сты 63 уæнгы
Парламенты бæстыхайы цур знон уагъд акцийыл 63 уæнгы æрцахстой – уый фæдыл мидхъуыддæгты министры хæдивæг, Александре Дарахвелидзе МХМ-ы лæвæрд брифингыл райхъусын кодта.
Афтæма йæ хъусинагæй, фæныссангонд уæнгæ ахст сты лыстæг хулигандзинады æмæ пъæлицæй закъонон æркуырды æмæ æнæкоммæкасты тыххæй.
«Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ, Руставелийы проспектыл цæугæ акцийыл лыстæг хулигандзинады æмæ пъæлицæй закъонон æркауырды нæкоммæкасты факттыл, администрацион барадсасты кодексы 166-æм æмæ 173-æм статитæм æмбæлгæйæ 63 уæнгы уыдысты ахст»- банысан кодта МХ министры хæдивæг.
Уыимæ, Дарахвелидзейы хъусинагæй, зноны акцийыл æхсæз барадхъахъхъæнæг фæцæф ис.
«Руставелийы проспектыл цæугæ акцийы рæстæджы, акцигæнджыты тыхмигæнæгон архæйдтыты фæстиуæгæн, æндæр æмæ æндæр уæззау цæфтæ райстой мидхъуыддæгты министрады æхсæз кусæг. Фæнысангонд фсакты фæдыл фæдагуырд тугтæрхоны барады кодексы 353-æм прима статийæ цæуы» – райхъусын кодта мидхъудыдæгты министры хæдивæг.
Афтæма йæ гæдыныхасмæ гæсгæйæ, цæф «барадхъахъæнджыты» æмбæлгæ медицинон æххусы нысанæн, фæхæццæ кодтой клиникæтæм.