МХМ уæлрадон режимы халыны 230  ногфакт рабæрæг кодта
МХМ уæлрадон режимы халыны 230 ногфакт рабæрæг кодта

Фæстаг 24  сахаты мидæг  бараджхъахъхъæнджыты сыххæст  мониторингы  фæстиуæгæн, æппæт бæстæйы  масштабæй  фæбæрæг ис, уæлрадон  уавæры æмæ а.х.  коменданты сахатæй бæлвырд арæнæвæрдты халыны 230   ног факт.

Пъæлицæй, 18 апрелы, 21 сахатæй  19 апрелы  сæумæрайсомы  6 сахаты онг, а.х. коменданты  сахаты халыны  фактыл,  бæстæйы  масштабæй   71  æмбæстагы   фæивар кодта.

«Уымæй  уæлдай ма,  МХ министрады  кусджытæ,  æхсæнадон æмбырды  рæтты   3-йæ  фылдæр  гоймагы æрымбырды  æмæ  2  метры  социалон дистанци  æнæхъахъхъæды  тыххæй,   68  æмбæстагы  фæивар кодтой. Барадхъахъхъæнджытæ, бæлццæтты ласыны  æмæ  автомобилæй  змæлды  фæтк  халыны  фактыл  ноджы 91   гоймагы  фæивар кодтой.

Уæлрадон  уавæры режимы  халын расайы  административон  бæрн –  физикъон  гоймагы  фæивар кæнынц 3000  ларийæ, æмæст юридикъон  уæнгы -15 000 ларийæ» – хъусын кæнынц  министрады.