МХМ - Руставелийы акци ахызт сабырадон æмбырды фæлгæттæй, МХМ спайда кæндзæн закъонæй снысангонд сæрмагонд мадзæлттæй тыхмигæнæг къорды уæнгты ныхмæ, цæмæй районы ссæрибар кæной
Руставелийы проспектыл цæугæ акци сабырадон æмбырды фæлгæттæй ахызт, цæй тыххæй дæр мидхъуыдтæгты министрад спайда кæндзæн закъонæй снысангонд сæрмагонд мадзæлттæй акцийы тыхмигæнæг къорды уæнгты ныхмæ, цæмæй парламенты алфæмблай ссæрибар уа , – уый фæдыл мидхъуыддæгты министрады рапарахатгонд фидиуæны ис фыст.
Мидхъуыддæгты министрады информацимæ гæсгæ, Руставелийы проспектыл протестон акцийыл, раздæры бонты хуызæн, тагъд рæстæджы акцийы хайадисæг бæрæг къордтæ тыхмийы архайдтытæ фæбæрæг сты, кæцы раззаг бахизæны уæвæг полицийы тыхтимæ ныхмæлæудæй фæбæрæг ис Парламенты.
«Сæрмагондæй, тыхмигæнæг къорды уæнгтæ полицийы æрдæм æппарынц æндæр æмæ æндæр дзаумæттæ, дуртæ, рудзынгæй конд бутылкæтæ æмæ пиротехникæ. Уымæй дарддæр ма, æндæр æмæ æндæр медийы фæрцы ирдæй зыны, цæмæй митингы хайадисджытæ ифтонг сты æндæр æмæ æндæр тобæгонд дзаумæттæй, кæцытæй активонæй пайда кæнынц полицийы ныхмæ. Мидхъуыддæгты министрад митингы райдайæны тæккæ фæстæ æмбæлон сидт рапарахат кодта митингы организатортæ æмæ хайадисджытæм, цæмæй æмбырд хъуамæ уа сабырадон манифест æмæ закъонæй снысангонд арæнтæй ма ахиза. «Министрады сидтмæ æнæкæсгæйæ, Руставелийы проспектыл цæугæ акци сабырадон æмбырды фæлгæттæй ахызт, цæй тыххæй дæр мидхъуыдтæгты министрад спайда кæндзæн закъонæй снысангонд специалон мадзæлттæй акцийы тыхмигæнæг къорды уæнгты ныхмæ Парламенты алфæмблайы фæзуат ссæрибар кæныны бардзырд», – дзырдæуы мидхъуыддæгты министрады расидæны.