Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрад Къирбалы цур æрцæугæ факты фæдыл фидиуæн публикаци кæны.
Фидиуæны куыд дзырдæуы афтæмæй, уагдон рывнæлдта фæдагуырдмæ марындзинады æмæ сæриабрдзинад æнæзакъононæй сæмбонд кæныны статитæй.
«Мидхъуыддæгты министрады Мидæг Картлийы пъæлицæйы департаменты кусджытæ Гуры муниципалитеты хъæу Къирбалы цур, Уæрæсейы оккупацион тыхты минæвары æрдгæй æхсæнгарзæй фехсыны фæстиуæгæн Гуырдзыстоны æмбæстагы марындзинады æмæ иу гоймагы аскъæфыны фактты фæдыл фæдагуырд райдыдта тугтæрзоны барады кодексы 109-æм æмæ 143-æм статитæй, кæцы барæй марындзинады æмæ сæрибардзинад æнæзакъононæй сæмбонд кæнын дары йæ хъуыдыйы» – хъусын кæнынц МХМ-ы.
Уагдоны информацийæ, барадхъахъхъæнджытæ факты фæдыл фæдагурæн мадзæлттæ уадзынц.