МХМ  æвзæрстыты бон, Гуырдзыстоны æппæт территорийыл  12  тугтæрхоны барады фыдракæнды æмæ  16 администрацион фактыл  райдыдта фæдагуырд
МХМ æвзæрстыты бон, Гуырдзыстоны æппæт территорийыл 12 тугтæрхоны барады фыдракæнды æмæ 16 администрацион фактыл райдыдта фæдагуырд

МХМ, æвзæрстыты бон Гуырдзыстоны æппæт территорийыл  12  тугтæрхонон барады  фыдракæнды фактыл   райдыдта  фæдагуырд, афтæма администрацион  хъуыддаг амал кæнын райдыдта   пъæлицæй   компетенцимæ  хаугæ  16 фактыл.

Фæнысангондмæ гæсгæ  МХМ-ы  арызт брифингыл   мидхъуыддæгты министры  фыццаг хæдивæг   Кахабер  Сабанадзе хъусын кодта.

Йæ ныхæстæм  гæсгæ,   тугтæрхоны  барады  кодексы  187-æм  статийæ  райдайгæ  фæдагуырдмæ,   кæцы  цæуы  Глданы  «Публикайы»   журналистимæ æрцæугæ  инциденты фæдыл,  æфтыд æрцыд  тугтæрхонон барады кодексы  154-æм  статийы  фыццаг хай,  кæцы  журналистæн   профессион  куысты  æнæзакъононæй  куылымпы  кæнын  дары йæ  хъуыдыйы.

«Пъæлицæй  16 фактыл   райдыдта    администрацион хъуыддæгтæ, æрцахста  9 гоймагы, сæ нымæцы  Глданы  №39  æхсæнадон  скъолайы   уæвæг æвзарæнон  фадыгы   алфæмбла территорийыл æрцæугæ  инциденты фæдыл,   пъæлицæй  администрацион   барадсаст   кодексы 166-æм æмæ   173-æм статиты бындурыл  6  гоймагы  æрцахста» –   райхъусын  кодтой  МХМ-ы  лæвæрд брифингы рæстæджы.