МХМ æрсидтис «Тбилиси Прайды» хайадисджытæм, гом тыгъдады, адæмарæх рæтты маршытæ ауадзыныл нæзагъд ракæнынмæ
Курæг стæм «Тбилиси прайды» хайадисджытæй, Руставелийы проспектыл ныхмæлæууæг къордты плангонд акциты масштабты тыххæй, нæзагъд ракæнæт, гом тыгъдадты маршытæ аразынæй, – уый фæдыл банысангонд у, Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады фидиуæны.
МХМ æрсидтис Руставелийы æрымбырдуæвæг алы уæнгмæ, бахъахъъхæнæт сæрфад, бакоммæкæсæт пъæлицæйæгты æркуырдтæм æмæ цыфæнды темæйыл протест равдисæт законы фæлгæтты.
«Руставелийы проспектыл цæугæ акцитыл æрымбырдуæвæг хицæн уæнгты æрдгæй, медиафæрæзты минæвæртты ныхмæ сыххæст ис тыхмийы архæйдтæ æмæ сæ профессион куысты бахъыгдарыны фактытæ. Руставелийыл пъæлицæйы кусджыты реагиркæныны фæстиуæгæн медиафæрæзты минæвæртты ацы этапыл æдас ранмæ ахизын кодтой.
Мидхъуыддæгты министрад æрцæугæ факттыл фæдагуырд тугтæрхоны барады кодексы 154-æм (журналисттæн профессион куыст æнæзакононæй бахъыгдары) æмæ 126-æм (тыхмидзинад) статитæй райдыдта», – банысангонд у фидиуæны.
МХМ-ы фидиуæнæй, «Тбилиси прайды» хатдзæгон мадзалы ауадзын, мадзалы баст уæнгты æдасдзинадæн рискхæссæг у.
«Ноджы иу хатт æргомæй дзурæм «Тбилиси прайды» хайадисджытæн, Руставелийы проспектыл, ныхмæлæууæг къордты плангонд акциты масштабты тыххæй, нæзагъд ракæнæт гом, æхсæнадон æмбырды рæтты маршытæ ауадзыныл», – дзырæдуы МХМ-ы фидиуæны.