Мирча Джоана- Украина, Молдовæ æмæ Гуырдзыстоны бынат ис махмæ, НАТО-ы, кæддæр уый æрцæудзæн, уый у амал, цæмæй алы демократон бæстæтæ иумæ уæм
НАТо куы цæттæ кæны Вашингтоны юбилейон саммитмæ, мах дарддæр кæнæм Укрианайæн фарсдарын тынгкæнын, тыхджындæр кæнæм нæ иргъæфхъомад, æххæст кæнæм æмцæдисонты дзырдлæвæрд хъахъхъæнынады хардзты райрæзын кæныны æрдгæй æмæ бирæ æнгомдæр æмæ практикон цæстæнгасæй кусæм партнертимæ – уый фæдыл НАТО-ы генералон нымæрдары хæдивæг, Мирча Джоана, Коппенгагены, НАТО-йы парламентон ассамблейыл дзырдæй ралæуды рæстæджы райхъусын кодта.
«НАТО у æмæ кæддæриддæр уыдзæн регионон альянс, фæлæ мах лæууæм глобалон расидты раз. Афтæмæй, нæ партнерад æндæр бæстæтимæ у скуыддзаггæнæг нæ æдасдзинадæн. Ам Ервопæйы, Молдовæйы Республикæйы æмæ Гуырдзыстоны зæххыл æнæбарлæвæрдæй лæууынц уырыссаг æфсæддæттæ, Босни-Герцоговинæ та дезинформацион кампанийы нысан у, Уæрæсейы æрдгæй цæуы æвзæрстытæм хитъыссын æмæ кибербырстытæ. Гибридон хæсты алы инструмент афтæдæр скусын кодтой НАТО-ы уæнгты ныхмæ» – райхъусын кодта Мирча Джоана.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ Украинайы, Молдовæ æмæ Гуырдзыстоны бынат ис НАТО-ы.
«Украинайы, Молдовæ æмæ Гуырдзыстоны кой куы ракодтон, уæд загътон, цæмæй сæ бынат ис махмæ, НАТО-ы. Æппæт Ныгуылæн Балкантæ афтæдæр хъуамæ уа махмæ, куыд европаг æмæ евроатлантикон бинонты æххæстбарджын уæнгтæ. Æз зонын цæмæй уый кæддæр æрцæудзæн. Уый у амал, цæмæй алы демократон бæстæ уæм иумæ, нæкæсгæ уымæ, цас риссаг сты ивгъуыды хъæдгæмттæ»- райхъусын кодта НАТО-ы генералон нымæрдары хæдивæг.
Уыимæ Мирча Джоана райхъусын кодта, цæмæй йæм ныфс ис, кандидаты статусыл Гуырдзыстоны тыххæй æвæрццаг уынаффæ уыдзæн хаст.
«Æз афтæдæр райгонд дæн Евроцæдисы стратегион æхсардзинадæй Украина æмæ Молдовæйы фæхоныны æрдгæй æмæ ныфс ис, ахæм уынаффæ рахæсдзысты Гуырдзыстоны тыххæй дæр æмæ афтæдæр фæуыдзæн куыст Ныгуылæн Балканты бæстæтимæ» – банысан кодта Мирча Джоана.