Михеил Сарджвеладзе – фæстаг азты дæргъы онкологион сервисты финансдзинад фондз хатты райрæзтис æмæ сæдæгай милуан ларийы бæрц у, тенденци æнæмæнгæй хъуамæ адарддæр уа
Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды министр Михеил Сарджвеладзейы фидиуæнæй, зæгъгæ онкологион сервситы рæувадатдзинад райрæзын кæныны нысанæн, егъау къахдзæфтæ уыд æвæрд æмæ ацы æрдгæй кусын адарддр кæнын хъæуы.
Фæнысангонды фæдыл Сарджвеладзе «Онкологион сервисты рæувадатдзинад Гуырдзыстоны» хыгъдлæвæрды презентацийыл дзырдæй ралæуды рæстæджы загъта æмæ сыххæст куысты тыххæй кусджытæн æмæ парламенты æнæнизхъахъхъæды комитетæн бузныг загъта.
Сарджвеладзе куыд банысан кодта афтæмæй, фæстаг азты дæргъы онкологион сервисты финансдзинад зæгъæн ис фондз хатты райрæзтис æмæ сæдæгай милуан ларийы бæрц у.
«Уый нæу уыцы нысан, кæцыйæ райгонд уыдзыстæм. Тенденци æнæмæнгæй хъуамæ адарддæр уа, цалынмæ алы пациент лæвæрд сервсæй райгонд нæ уыдзæн уæдмæ. Ацы цæстæнгасæй, тенденци æцæгдæр æвæрццаг у. Алцыппæт цæуы арызт, уымæн æмæ кæцыфæнды экономикон рæзт, экономикон фæхуыздæр фылдæр хайæ хардз цæуа уыцы социалон проекттыл, кæцытæй нæ бон у, стæй нæхицæй раппæлын. Уый иттæг нысаниуæгджын у. æхсызгон мын у абон тематон иртасæны хыгъдлæвæрд æмæ йæ бавдисын куы фемдзыд ис уыцы бонимæ, пациент æдасдзинады дунейон бон куы банысан кæнынц. Æвæццæгæн никуы, иунæг сферæйы дæр, иунæг пациенты цауы дæр уый йас нысаниуæгджын нæу пациенты æдасдзинад, интересты хъахъхъæд, æнæниздзинад æмæ цард, куыд онкологийы. Уый нæу хуымæтæгæй сæмбæлгæ цау, иттæг нысаниуæгджын у, цæмæй абоны бон ацы хуызæй бæрæгбон кæны комитет нысаниуæгджын инициативæ», – райхъусын кодта Михеил Сарджвеладзе.