Михеил Сарджвеладзе -  Визон  режимы аивды фæдыл  уынаффæ Гуырдзыстон  нæ рахаста
Михеил Сарджвеладзе - Визон режимы аивды фæдыл уынаффæ Гуырдзыстон нæ рахаста

Парламентон  фылдæрты уæнгы, Михеил Сарджвеладзейы  фидиуæнæй,  Уæрæсе Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн  визон режим  иуфарсонæй  куы сфидар кодта, йеуæд уый нымæцы  Ныгуылæйнаг партнертæ дæр  куырдтой ацы  уынаффæ   фæивын.  Йæ дзырдæй  зæгъгæ   ай уый тыххæй æрцыд, цæмæй  боны фæткы  лæууыд æндæр æмæ æндæр   фаткортæ, сæ нымæцы  гуманитарон.

Уый æддæмæ  ма  Сарджвеладзе банысан кодта, цæмæй  Гуырдзыстонмæ  санкциргонд  борттæ  не руадздзысты  æмæ ацы цæстæнгасæй  сагъæсы  бындур нæй.

«Гуырдзыстоны  хицауады æрдæм исты  негативон фидиуæн саразынæн  ницы  аххос ис. Уынаффæ  Гуырдзыстоны   хицауад нæ рахаста  æмæ йын ууыл æндæвдад дæр нæ уыд. Кæд искæй   зылынджын кæнæм, уæд хъуамæ зæгъæм  цы хъуамæ сарзытаит Гуырдзыстон, цæмæй ма руагъдтаит  ацы  уынаффæ рахæссын.   Гуырдзиаг политикты æрдгæй   æнæбæрнон   фидиуæнтæ бирæ  нæраст информаци æрбамбырд кæнынц, уый нымæцы   ажиотажы  куы цырын кæнынц  æмæ  информаци  æнæрастæй циркуляци кæны.  Стæй  уый  расайы  бæрæг  æнæмбарындзинæдтæ. Раст  хъуамæ райхалæм  цы  загъдæуыд уый.  Гуырдзыстоны хицауадæн дырыс  позици ис, ома санкциргонд бортты не рбауадздзæн  бæстæмæ.   Рагафон  мæстыдзинады  ницы объективон  æфсон ис.   Гуырдзыстоны   хицауад  куыд ацы рæстæгмæ  иузæрдыг   лæууы  партнерон ахастыты   паддзахадтимæ,  организацитимæ, кæцытæ сфидар кодтой  санкцитæ  æмæ  баиу сты  санкцитæм, фæлæ   йæхæдæг ницы фидар кæны, афтæ  иузæрдыгæй  дарддæр кæны архайын» –  райхъусын кодта  Михеил Сарджвеладзе.