Михеил Саакашвилийы хъуыддагыл, фыдракæнд бамбæрзыны эпизодыл, Элгуджа Цомаиайæ уæлдай ма ноджы дыууæ уæнгы абон æрцахстой. Информацийы уый фæдыл Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн сбæлвырд кодта прокуррор Леван Вепхвадзе.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ æввахс сахатты бæрæг суыдзæн деталтæ, цæмæй куыд баххуыс кодтой фæнысангонд дыууæ уæнгы агуырды уæвæг экспрезидентæн. Прокуррор куыд райхъусын кодта афтæмæй, фæдæвзарæг уагдонæн деталонæй бæрæг у Михаил Саакашвилийы Гуырдзыстонмæ æрбацыды æмæ змæлды маршрут.
«Фыдракæнд бамбæрзыны фактыл ахст сты ноджы дыууæ уæнгы æмæ æввахс периоды æхсæнадæн алы нысаниуæгджын детал суыдзæн бæрæг. Тæрхонмæ лæвæрд Михеил Саакашвилийы æрбацыды маршрут фæдæвзарæг уагдонæн деталонæй у бæрæг, цæуылдæр фæдагуырд цæуы. Уый фæдыл МХМ-ы цæуы фæдагуырд 344-æм прима статийæ, кæцы йæ хъуыдыйы дары мигранты паддзахадон арæныл æнæзакъононæй æрбаласыны æмæ йын æмбæлгæ уавæртæ саразын. Уый тыххæй дæр цæуы бæлвырдгæнæнты бацагуырд», – райхъусын кодта прокуррор.