Одессæйы раздæры губернатор æмæ Гуырдзыстоны экс-президент Михеил Саакашвили, Евроцæдисы территорийыл цæрыны æмæ кусыны бар райста – уый тыххæй Саакашвили, фыссы социалон хызаг «Фейсбукы».
Михаил Саакашвили куыд хъусын кæны афтæмæй, Нидерландты йæм раттой удгоймаджы бæлвырдгæнæн æвдисæндар. Фæлæ йæ ныхæстæм гæсгæ, уый Украинæйы æмбæстагдзинад æрыздахын уæддæр плоан кæны.
Абон Амстердамы, фыццаг хатт, ацы фæстаг периоды дæргъы, мын ис гоймаджы æвдисæндар æцæг документ. Нидерландтæм куы æрцыдтæн афтæ æмæ уайтагъдаддæр раттой гоймаджы æыдисæндар кæцы мын евроцæдисы цæрыны æмæ кусыны бар дæтты. Æнæхъæн процедурæйæн бахъуыд цалдæр минуты. Фæлæ æз афтæ куыд раздæр никуы, мæ ныфс æнæцудгæйæ дарын æрыздахон мæхимæ Украинæйы æмбæстагдзинад» – фыссы Михеил Саакашвили.
Михеил Саакашвили Амстердаммæ ныццыд Варшавæйæ. Польшæмæ йæ 12 февралы феддæдуар кодта Украинæйы паддзахадон арæйнон куыст.