Михеил Саакашвилийæн æфхæрды æмгъуыд ахæцыны фарстайыл фæдылдзог процесс 22 декабры ацæудзæн
Михеил Саакашвилийæн æфхæрды æмгъуыд ахæцыны фарстайыл фæдылдзог процесс 22 декабры ацæудзæн

Горæты тæрхондоны Михеил Саакашвилийæ æфхæрды æмгъуыд ахæцыны  фарстайыл иннæ процесс 22 декабры, 11:00 сахатыл  ацæудзæн.

Уый фæдыл  тæрхонгæнæг Гиорги Аревадзе абоны рабадтыл  райхъусын кодта.

«Иу мæй æркуырдтой пенитенцион  куысты минæвæрттæ æмæ æцæгдæр  нæ  хъуыды кæнын, цæмæй уымæн  иу мæй  хъæуы. Уый тыххæй цæмæй   хъуамæ  фæуанаффæ кæнæм  æнæниздзинады фæдыл  фарстатыл, хъуыды кæнын, ацы фарста   æмбаргæ  æмгъуыдты хъуамæ æркæсæм  æмæ  фæстагмæ алыг кæнæм. Уый тыххæй ай æппæтмæ гæсгæйæ уын æнхарын, фæдылдзог  рабадт  ацæуа 22  декабры 11:00 сахатыл» –   банысан кодта тæрхонгæнæг.

Тбилисы горæты  тæрхондоны ацыд  Гуырдзыстоны раздæры президент Михеил Саакашвилийæн  æфхæрды æмгъукыд  ахæцыны  фарстайыл  тæрхоны  процесс. Иргъæвæг фарс  домтта, цæмæй  процессы дистанционæй хайад райстаит  Михеил Саакашвили, фæлæ тæрхонггæнæг  Гиорги Аревадзе тæрхоны рабадтыл бакастис  специалон пенитенцион куысты  фыстæг, кæцымæ гæсгæ дæр,   специалон  пенитенцион куыст цух у  фадатæй, сифтонг кæна  ахæст Михеил Саакашвилийы  дистанционæй  ссиу кæнын.

Тæрхонгæнæг афтæдæр бакастис  «Вивамедийæ»  æрвыст фыстæг, кæцыйы банысангонд у, цæмæй дохтыр  нысанæмрастыл нæ нымайы, Михеил Саакашвилийы транспортаци.