Михеил Саакашвилийæн 9 азы ахæстоны фæбадыны тæрхон рахастой, Темур Джанашиайæн та 300 мин ларийæ иваргонд æрцыд бюджетон фæрæзты стыр суммæйы ныппаплойы тыххæй
Михеил Саакашвилийæн 9 азы ахæстоны фæбадыны тæрхон рахастой, Темур Джанашиайæн та 300 мин ларийæ иваргонд æрцыд бюджетон фæрæзты стыр суммæйы ныппаплойы тыххæй

Тæрхондон Михаил Саакашвилийы аххосджыныл банымадта бюджетон фæрæзты егъау суммæйы ныппаплой кæныны фæдыл. Уæлдæр ранымад фыдракæнды тыххæй йын стæрхон кодтой 9 азы ахæстоны фæбадын.

Тæрхондон афтæдæр аххосджыныл банымадта сæрмагонд паддзахадон хъахъæды куысты раздæры къухдариуæггæнæг Темур Джанашиайы, фæлæ тæрхонгæнæг куыд бамбарын кодта, афтæмæй Джанашиайы аххосæгты  квалификаци раивтой æмæ йын 300 мин ларийы бæрц ивар снысан кодтой.

Тбилисы горæтон тæрхондоны тæрхонгæнæг Бадри Кочъламазашвили дыууæ аххосджыны дæр аххосджындзинады тæрхон расидтис. Раздæр Кочъламазашвили Бадри бамбарын кодта, цæмæй йæ бон нæу байхъуыст фæстæдæр кæнын аххосджынты æнæбацыды тыххæй, уымæн æмæ уый Гуырдзыстоны закъондæттынадæй нæу снысангонд.

«Михеил Саакашвили Гуырдзыстоны уголовон кодексы 182-æм статьяйы дыккаг хайы дæлпункт «б» æмæ æртыккаг хайы дæлпункт «б»-мæ гæсгæ сарæзт фыдракæнды аххосджыныл нымад æрцæудзæн æмæ тæрхоны формæ æмæ дæргъвæтиндзинад снысан уыдзæн 9 азы ахæстоны фæбадынæй. Уымæй уæлдай ма йын ист æрцæудзæн æртæ азы æмгъуыдмæ паддзахадон бынаты кусыны бар. Уголовон кодексы 59-æм статьяйы цыппæрæм хайыл бындурæвæрдæй, ацы тæрхонæй снысангонд тæрхон баивдзæн горæтон тæрхондоны 2021 азы 17-æм ноябры уынаффæйæ сбæлвырдгонд тæрхон æмæ кæронбæттæн тæрхон уыдзæн 9 азы ахæстоны фæбадын æмæ æртæ азы æмгъуыдмæ паддзахадон бынаты кусыны бар ист æрцæудзæн. «Михеил Саакашвилийы æфхæрды æмгъуыд ацы тæрхоны моментæй, 2025 азы 12-æм мартæй райдайдзæн æххæст кæнын æмæ йæ ахæстоны фæбадыны период 2021-æм азы 1-æм октябрæй 2025-æм азы 12-æм марты онг йæ тæрхоны хайыл нымад цæудзæн» – расидтис тæрхонгæнæг.

Михеил Саакашвили æмæ Темур Джанашиайы фæдагуырд аххосджын кæнынц, сæрмагонд нысæнттæн 9 милуан ларийы бæрц паддзахадон фæрæзтæ кæй ныппаплой кодтой, уый тыххæй.

Прокуратурæйы информацимæ гæсгæ, фæдагуырд сбæлвырд кодта, цæмæй Гуырдзыстоны президент Михаил Саакашвили, паддзахадон æдасдзинады куысты къухдариуæг Теймураз Джанашиа æмæ Отар Квелидзейы хайадистæй, сусæгæй йæ бюджеты æнæзакъонон пайдайы факттæ раргом кæнын маруадзыны тыххæй, президенты резервон фондæй комкоммæ йæ дæлбар паддзахадон æдасдзинады куысты фæрæзтæ рахицæн кодта. Фæдæвзарæн уагдоны информацийæ, 2009 азы фыццаг майæ 2013 азы 25 февралы онг, Михеил Саакашвилийы хæслæвæрд æмæ организацимæ гæсгæ, паддзахадон бюджетмæ хауæг уæлдæрбанысангонд суммæйæ 9 024 367,34 лари æнæмбæлонæй хардзгонд æрцыд йæ сæрмагонд нысæнттæн. Уæлдæр ранымад хæрдзтæ ист æрцыдысты паддзахадон æдасдзинады куысты сæргълæууæг Теймураз Джанашиайы къухдариуæгадæй, æнæзакъонæй «сусæг» статусæй нысангонд, сусæг документтæй пайда кæнгæйæ.

Гуырдзыстоны раздæры президент Михеил Саакашвилийы Гуырдзыстоны мидхъуыдтæгты министрад 2021 азы 1-æм октябры æрцахста æмæ уыцы бон прокуратурæ йæ аххосджын кодта арæныл æнæзакононæй ахизыны тыххæй.