Михеил Саакашвили – Украинæйы æмбæстагдзинад æнæмæнгæй æрыздахдзынæн мæхимæ
Гуырдзыстоны раздæры президент Михеил Саакашвили йæхицæн Украинæйы æмбæстагдзинады ногæй æрыздахын хъавы. Уый фæдыл Саакашвили, Варшавайы уагъд пресс-конференцийыл райхъусын кодта.
«Ма мын хъуамæ байстаиккой мæнæн æмбæстагдзинад. Уый цыфæнды юридикъон нормæты ныхмæ у. Æз уыдтæн, æмæ ныр дæр дæн Украинаг политикъ. Афтæдæр дæн Гуырдзиаг , фæлæ Украинæйы æмбæстагдзинад мæхимæ æрыздахдзынæн» – расидтис Михеил Саакашвили.
«Ног Тыхты змæлды» лидер дзырдæй, Украинæйы закъонмæ æмбæлонæй уыдис. Уый афтæдæр банысан кодта, цæмæй Украинæйы хицауадимæ Европæйæ тох кæнын бырæ эффективондæр уыдзæн, уымæн æмæ йæ уым ничи фæкуылымпы кæндзæн.