Михеил Саакашвили – Уардиты Революцыийы онг Гуырдзыстон уыдис территори æмæ стæй ссис паддзахадæй, тары уыдис æмæ стæй сæрттивдта
Уардиты Революци Гуырдзыстон скодта регионы суперстъалыйæ æмæ милуангай адæймагæн ныфсджындзинады равзæрæнæй ссис – уый фæдыл дзырдæуы Гуырдзыстоны раздæры президент Михеил Саакашвилийы фыстæджы, кæцы публикацигонд æрцыд йæ фейсбук-фарсыл.
«Уардиты революци Гуырдзыстон скодта регионы суперсталыйæ æмæ адæймагæн ныфсджындзинады равзæрæнæй ссис. Уый дæнцон уыдис Украинайæн, Хъыргизæн, Ливанæн, Арабаг Дунейы революцитæн. Нæ реформæтыл ныхас кодта æнæхъæн дуне, цæй тыххæй дæр Гуырдзыстон сæрмгаондæй смæсты кодта знæгты.
Нæ бæстæ æрыздахдзæн ацы раздæры стырад æмæ æрттивдзæн раздæронау! Абон уæ разы 18 азы фæстæ, ногæй хæрын ацы ард! Алчи хъуамæ сиу уæм нæкæсгæ ивгъуыдмæ, æрмæст фидæны тыххæй! Гуырдзиæгтæ фæстæмæ нæхимæ æрыздæхдзыстæм нæ бæстæ æмæ алкæмæн равдисдзыстæм, цæмæй нæдæр зивæггæнаг стæм æмæ нæдæр уæйгæнджытæ. Нæдæр ницæйæгтæ æмæ нæдæр цагъарадæн нывонд» – фыссы Михеил Саакашвили.