Михеил Саакашвили – Разы нæ дæн прокуратурæ æмæ гуырдзиаг расттæрхонимæ, ам уый тыххæй нæ дæн, цæмæй мæ рагафон фыст комедийы хайæ скæной
Нымадмæ нæ исын прокуратурæ æмæ гуырдзиаг расттæрхон дæр, ам уый тыххæй нæ дæн, цæмæй рагафон фыст комедийы хай уон, – уый фæдыл Гуырдзыстоны раздæры президент, Михеил Саакашвили 7 ноябры хъуыддагыл тæрхоны процессы размæрайдаыны размæ райхъусын кодта, кæцыйы хъуыддаг абон кæсы коллеги æртæ тæрхонгæнæгы скондæй.
Уыимæ процессы райдайны уым уæвджытæ ссиу кодтой Гуырдзыстоны гимн, кæцыйы тыххæй тæрхонгæнæгæй уайдзæф дæр райстой.
«Гимны тобæ? Гуырдзыстоны гимны бын, ацы гимны æз сбæлвырд кодтон, ныр мæ нæ хъæуы ам дау кæнын», – райхъусын кодта Михеил Саакашвили.
Адвокаттæ Бека Басилаиа тæрхонгæнджытæм куырдиатæй баздæхт, процесс срухс кæныны фадат раттаиккой алы телеуынынадæн.
«Абон фидиссаг фæлæ историон процессы æвдисæнтæ стæм. Æртыккаг президент ам ис æмæ йын фыццаг хатт ис уый фадат. Ис нæм куырдиат, уацхæсджытæн, срухс кæныны бар чи æркуырдта, цæмæй æрбацæуæд æмæ срухс кæнæд процесс комкоммæ режиммæ», – райхъусын кодта Бека Басилаиа.
Уыимæ тæрхонгæнæг Нино Элиешвили, адвокатмæ æрсидтис, цæмæй ныууагъдаит рабадты социалон хызагы трансляци дæттын.
«Раиу кæнут трансляци. Науæд та ныууадзут зал. Мандатонтæй курæг дæн, ацы хъуыддагыл реагиркæнынмæ», – райхъусын кодта тæрхонгæнæг, цæй фæстæ дæр адвокаттæ трансляци раиу кодтой.
Тбилисы горæты тæрхондоны бæстыхайы цур Михеил Саакашвилийы фарсхæцджытæ сты. Бынатыл фæкарз кодтой æдасдзинады мадзæлттæ.
Абоны рабадтыл тæрхонон процесс æххæссы 7 ноябры фæдыл хъуыддагмæ. 7 ноябры акци ныссæндыны, «Телеимедимæ» лæбурды æмæ Мтацъиндайы парк байсыны хъуыддагыл, æххæстбартæ сæрты ахизыны аххоссаг бавдыстой Михеил Саакашвилийæн, Давит Кезерашвилийæн, Зураб Адеишвилийæн, Гиги Угулавайæн æмæ Вано Мерабишвилийæн.