Михеил Саакашвили - Раст уый уыдзæн кæдæ æмæ Гиги йæ æмпартиæгтимæ иумæ нæм æрбаиу уой, æмæ иумæ фæсурæм шулерты хицауад
Раст уыдаит кæд æмæ Гиги æмæ йæ æмпартиæгтæ дæр нæм арбаиу уыдаиккой уæд шулерты хицауады фæсырдтаиккам – уый фæдыл Гуырдзыстоны раздæры президент фыссы «Фейсбукъыл».
Михеил Саакашвили Вани æмæ Хонийы æхсæнаг æвзæрстыты кой кæны.
«Тынг цин мын удаит Вани-Хонийы æвзæрстыты уæлахиздзинад, фæлæ уый 1% шанс дæр нæ уыд. Нæй гæнæн хъæзынмæ шулертыл фынгыл рабадын.Мах сæйраг шулерæн йæ фынг хъуамæ фæдæлгом кæнæм!
Раст уый уыдзæн кæдæ æмæ Гиги йæ æмпартиæгтимæ иумæ нæм æрбаиу уой, æмæ иумæ фæсурæм шулерты хицауад» – фыссы Саакашвили «Фейсбукы» сæрмагонд фарсыл.
ЦÆК-ы развæлгъау бæрæггæнæнтæй, Вани æмæ Хонийы 54 æвзарæнон зылды уаггъд æхсæйнаг парламентон æвзæрстыты «Гуырдзиаг Бæллицц – Демокративон Гуырдзыстоны» кандидат Гиви Чъичъинадзе райста хъæлæсты 57,86%, «Бакрадзе, Угулава –Европаг Гуырдзыстоны» кандидат Гиги Угулава та 38, 38 %.