Михеил Саакашвили – Мæхæдæг ныццæудзынæн ацы æвзæрстытæм Гуырдзыстонмæ, æрцахсынæй нæ тæрсын, уырнæг дæн гуырдзиаг адæм мæ ссæрибар кæндзæн
Мæхæдæг ныццæудзынæн ацы æвзæрстытæм Гуырдзыстонмæ æмæ мæ фæнды, фæсарæнты уæвæг нæ æмбæстонты, кæцытæм уый фадат ис, æвзæрстыты бонты спайда кæнæнт æнцойуагъды бар, рауæлдай кæнут уымæн рæстæг, фадæттæ æмæ кæмæн уæ бон кууыд у ныццæуын, сурзхæххы уылты, уæлдæфæй, алчи иумæ ныццæуæм Гуырдзыстонмæ – уый фæдыл Гуырдзыстоны раздæры презиент , Украинайы реформæты æххæстгæнæг комитеты сæрдар Михеил Саакашвили «Фейсбукы» ахæлиуыгонд видео-сидты хъусын кæны.
«Бирæтæ мæ фæрсынц, цæмæй цахæм плантæ мын ис уыцы историон æвзæрстытæм, рефрендуммæ гæсгæ, кæцы 2 октябры ацæудзæн Гуырдзыстоны. Иванишвили райхъусын кодта, цæмæй рацыд Евроцæдисимæ бадзырдæй, фæлæ гуырдзиаг адæм, Европæ ацы бадзырдæй нæ рацыдысты. 2 октябры, о, референдум кæй ацæудзæн Иванишвилийы хицауадæн æнæууæнк расидыны фæдыл, цæмæй ацы нæуырнинаг, мæгуырдзинады, æнамонддзинады, бинонты ныппырхы, Гуырдзыстоны куынæггæнæг спираль фæуыдзæн. Гуырдзыстоны уæвæг адæймæгтæ иууылдæр хъуамæ ахицæн кæнæт, рацы референдуммæ рацæуын æмæ Иванишвилийы а.х. бæллиццы ныхмæ схъæлæс кæнын.
Ай у нæ патриотонг хæс Гуырдзыстоны фервæзын кæнынæн. Ауылты лæууы фæстаг арæн, алчи куы хъуамæ сбæрзонддæр кæнæм нæ хъæр, баиу уæм процессмæ. Алчи иумæ нæ ратдзыстæм фадат Иванишвилийæн, рафæлхатт нын кæна йæ «трюктæ», цымæ йæ æвзарæнон кампанийæ æмæ стæй йæ фæмæнгæнгæйæ, ногæй рафыстытæй, Гуырдзыстонæй цыд адæмы гоймагы æвдисæндæртты фæрцы. Уый адæттæ æппæт сараздзæнис, цæй зæгъын æй хъæуы архайдзæн, фæлæ ацы хатт, уый æппæтæн мах хъуамæ раттæм нæ дзуапп. Хъуамæ сахуыр уæм дзуапп дæттын, æмæ кæд сæ ныфс тыхмидзинад бахæссой, уæд сæм фидар ныллæууæм. Нæ нæ хъæуы змæстытæ æмæ тыхмидзинад, фæлæ нæ афтæдæр фæнды фидæн æмæ нæ ницæмæн хъæуы цæмæй нæм исчи хъомыс дара. Нæ нæ фæнды цæмæй нæ исчи куынæг кæна æмæ йæм мах сабырæй кæсæм, мах стæм гуырдзиæгтæ æмæ нæм ис джелбетт, сæрыстыр стæм, æмæ нæ фæнды адæймагы цард кæнæм. Сымах зонут, цмæй мæ ныхмæ рæгъмæ рахастой тугтæрхоны барады хъуыддаг, кæцыйы Дун-дунейы нымадмæ нæ райста иунæг бæстæ дæр. Æз балц кæнын алкуыран, уый нымæцы Гуырдзыстоны сыхаг бæстæты дæр, райсынц мæ алкуыран дæр æмæ сæм никуы фæзындис фарстытæ ацы а.х. тугтæрхоны барады хъуыддаджы тыххæй. Уымæй бæрæг у, цæмæй хъуыддæгтæ сты фæмæнггонд æмæ абсолютонæй æнæбындур. Æз сæ нæдæр æрцахстæй тæрсын, уымæн æмæ уырнæг дæн, гуырдзиаг адæм ссæрибар кæндзæн йæхи æмæ мæн дæр. Нæ тæрсын, мæ амонд гуырдзаиг адæмы къухтæм раттын» – банысан кодта Саакашвили.