Михеил Саакашвили хъусын кæны, цæмæй æнæниздзинады уавæры тыххæй, абоны тæрхоны процессы хайад райсын нæ фæразы
Тбилисы горæты тæрхондоны бюджетон суммæты ныппаплой кæныны хъуыддагыл Гуырдзыстоны раздæры президенты Михеил Саакашвилийы тæрхоны процесс цæуы.
Рабадт райдаыны размæ тæрхонгæнæг Бадри Къочъламазашвили куыд райхъусын кодта афтæмæй, Саакашвилийæн банхъарыдысты процессы хайад райсын дистанцион формæйæ, кæнæ залы уæвгæйæ, цæйимæ дæр Саакашвили не сразы ис.
«Тæрхондонæн бавдыст у пенитенцион департаменты бакуыст протокол, кæцымæ гæсгæ дæр, бæрæг кæны, цæмæй пенитенцион департаменты эскорты офицертæ ахæстæн банхъарыдысты абоны тæрхоны процессмæ рацæуын, кæнæ дистанционæй ссиу кæнын, цæйимæ дæр ахæст не сразы ис. Афтæма йæ мбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, нæзагъды аххосæй бавдыст у æнæниздзинады уавæр», – райхъусын кодта Бадри Къочъламазашвили.
Саакашвилийы абоны тæрхоны процесс æргъæвд æрцыд æмæ 21 февралы ацæудзæн.