Михеил Саакашвили Гуырдзыстоны Украинайы минæвары гæртамхорæй схуыдта
Гуырдзыстоны раздæры президент Украинайы реформæты советы æххæстгæнæг комитеты сæрдар, Михеил Саакашвили, Гуырдзыстоны Украинайы минæвар Игор Долговы коррумпиргондæй схуыдта.
Саакашвили комментари аразы Украинайы минæвары зноны фидиуæныл æмæ банысан кодта, цæмæй Долгов у «Советон функционер».
«Гуырдзыстоны Украинайы минæвар, Долгов, кæцыйы цыппар азы размæ снысан кодта Порошенко мæ ныхмæ тохы нысанæн, Зеленскийы рæстæджы аирвæзтис æмæ дарддæр кæны Гуырдзыстоны æмæ æппæт пост советон тыгъдады Украинайы имиджæн знаггад кæнын.
Ай у растдæр уыцы Долгов, кæцы унисоны куыста Порошенкойы балимæ, цæмæй украинаг адæмон депутаттæ ма абалц кодтаиккой, цæстдарджыты рангы, Гуырдзыстоны ивгъуыд азы октябры æвзæрстытæм.
Абон уый тызмæг риторикæйæ мыл ныццавдта йæхи уый тыххæй, цæмæй æз хæцы гуырдзиаг адæмы сæрибардзинадæн. Уый та, кæмдæридау знаггад дам кæны украинаг-гуырдзиаг ахастытæн.
Дзурын йын, куыд Гуырдзыстоны раздæры президент Украинайы æмбæстагæн. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, уый у тыхджын коррумпиргонд. Хъуыды кæнын, цæмæй уый архайы Украинайы интересты ныхмæ æмæ æз тох кæндзынæн уымæн, цæмæй ахæм минæвæрттæ ма уа ма дæр Украинайæн æмæ ма дæр Гуырдзыстоны. Æз ацы хъуыддаг кæронмæ бакæндзынæн», – фыссы Михеил Саакашвили.
Гуырдзыстоны Украинайы минæвар, Игорь Долгов, знон комментари сарызта, Гуырдзыстоны раздæры президенты, Украинайы реформæты советы æххæстгæнæг комитеты сæрдар, Михеил Саакашвилийы фидиуæны фæдыл, ома æнæкоммæгæсы акцитæ стыр масштабæй ауадзын хæъуы.
«Кæй зæгъын æй хъæуы, куыд конкретон уæнгæн ис мын дзырды сæрибар, фæлæ ныр, парламентон æвзæрстытæм гæсгæ уавæр, зæгъæн ис, æрбиноныг ис æмæ фокусирдзинад цæуы фылдæр нысаниуæгджын фарстытыл, æнæкоммæгæсы æмæ закъоны ныхмæ манифестацитæм сидтытæ нын æцæг ницæмæй баххуыс уыдзысты», – райхъусын кодта Украинайы минæвар Игорь Долгов Михеил Саакашвилийы фидиуæны фæдыл.