Михеил Саакашвили – Гуырдзыстоны цы цæуы, уый у æцæг хъайтардзинад, арфæ кæнын оппозицийы алы лидеры иудзинады тыххæй
Тбилисы ацы тæккæ цы цæуы, Батумы цы цæуы, æппæт Гуырдзыстоны цы уавæр ис, уый у æцæг хъæйтардзинад, æмбæстагон хъайтардзинад алкæцы хайадисæгы æрдгæй, – уый фæдыл банысангонд у Гуырдзыстоны раздæры президенты, Украинайы реформæты æххæстгæнæг комитеты сæрдар Михеил Саакашвилийы сидты.
Афтæма, йæ ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстон зæгъгæ æнæмæнгæй банысан кæндзæн уæлахиздзинад, уымæн альтернативæ нæй æмæ фæуæлахиз уыдзæн тыхджын тагъд.
«Гъе ныр ацы тохы стæм кæронмæ иумæ. Уыцы минутты, гуырдзиаг адæм куы аскуыддзаг кæндзæн мæ бастдзинады формæ, æмæ цы формæ аскуыдзаг кæндзысты, оппозицион лидертæ æмæ гуырдзиаг адæм, сыххæст кæндзынæн æмæ кæронмæ сæ коммæгæс уыдзынæн. Нæ мæ хъæуы иунæг пост дæр, фæлæ ныр мах алкæй цардæй фылдæр хъæуы Гуырдзыстон фервæзын кæнын, фæуæлахиз уын æмæ афтæ уыдзæн æнæмæнгæй», – райхуъсын кодта Михеил Саакашвили.