Михеил Саакашвили – Гуырдзыстон фервæзын кæнын хъæуы, нæ хъал æфсæддонтæ,сидын уæм, хъуамæ бацæттæ кæнæм нæхи æмбæстагон хæс сыххæст кæнынæн, уæ патриотизмы ныфс мæ ис
Гуырдзыстоны раздæры президент, Украинайы реформæты æххæстгæнæг комитеты сæрдар Михеил Саакашвили «Фейсбукы» ахæлиугонд видеойы мидæг хъусын кæны, цæмæй Гуырдзыстоны нырыккон хицауад барæй халы гарзджын тыхтæ æмæ къаддæр кæны гуырдзиаг офицерты нымæц.
«Иванишвилийы хъæуы куынæггонд, лæмæгъ Гуырдзыстон, æмæ йæ ницæмæн хъæуы сымах. Мæ хæлæрттæ, уый æддæйæ ма сымах стут Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ, иумæ хъуамæ бацæттæ кæнæм нæхи ацы узурпатор хицауад…. кæцы нын адавдта октябры æвзæрстытæ ивгъуыд азы, кæцы ныппырх кодта Евроцæдисимæ бадзырд æмæ йæхи райста ацы бадзырдæй, кæцы æрвылбойнонæй тыхмигæнгæ æмæ æнтхъирæнтæй æмæ гæртамæй ахсы кабинеттæ.
Гуырдзыстоны феврæзын кæнын хъæуы. Курæг уæ дæн, куыд нæ цытджын æфсæддон кусджытæм, фæлæ фыццаджы дæр, куыд æмбæстæгтæм, алчи хъуамæ бацæттæ уæм нæ æмбæстагон хæс сыххæст кæнынмæ æвзæрстыты активон хайад райсынæн æмæ афтæдæр бадзырд сæндидзын кæнынмæ, уымæн æмæ уый у референдум. Ерын хъуамæ фервæзын кæнæм Гуырдзыстон. Уæ патриотизмы æмæ сæрмагондæй уæхи ныфс мæ ис. Сымах æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ хъайтар ветеранты, гарзджын тыхты. Ныр уæ хъуыддаг уæ бар у, алцыппæт уыдзæн дзæбæх», – загъта Саакашвили.