Михеил Саакашвили фарсхæцджытæм æрсидтис
Михеил Саакашвили фарсхæцджытæм æрсидтис

Ахæстонæй мæ  фервæзын кæныны уавæрты, уын дæттын дзырд, цæмæй максимум  10 бонмæ  баххæссдзыстæм  уæлрадон æвзæрстыты  снысан кæнынмæ –  уый фæдыл дзырдæуы Гуырдзыстоны раздæры  президент Михеил Саакашвилийы  фыстæджы, кæцыйы йæ адвокат  Димитри Садзаглишвили  Руставы  12-æм  пенитенцион  уагдоны цур абон  базонын кодта журналисттæн.

Михеил Саакашвилийы  фидиуæнæй,  зæгъгæ æвзæрстыты  Гуырдзиаг адæм фæуæлахиз ис алы  горæты æмæ  Иванишвили йæын ацы уæлахиздзинад  байста.  Уый тыххæй æнæмæнгхъæугæ у протесты æппæт бæстæйы масштабæй  равдисын.

«Æддæйæ сты тынг фидар,  тохæй фæлтæрд  лидертæ, куыд сæрмагондæй Ника Мелиа, афтæма цалдæр тынг æндиуд  лидертæ, регионон лидертæ æмæ æндæр æмæ æндæр партиты, уый нымæцы   тынг зондджын æмæ  хæцынхъом  лидерты æвзонг фæлтæр.

Дыккаг, ахæстонæй ме ссрæибар кæныны цауы уын дзырд дæттын, цæмæй максимум 10 бонмæ баххæсдзыстæм  уæлрадон æвзæрстыты снысан кæнынмæ  æмæ  абысрдзыстæм  Иванишвилийы æстагмæ.  Ныр нæ хъæуы  егъау æхсæнадон  иудзинад, алы хъæддых, æнæбасæтгæ  адæймаг у нысаниуæгджын æмæ сыгъзæрины аргъ.  Нæ тых ныр  иудзинады ис  æмæ уæлахиздзинады рецепт  бирæнымæцондзинад æмæ æнæфæллайгæ куыд уæм уый мидæг ис» – банысангонд у  фыстæджы.