Михеил Саакашвили - фаг у саст, фесæфæд уæнгуагъддзинад æмæ нигилизм, рацæут алчи æвзæрстытæм
Мæ фыццаг бæллиц æмæ сæйраг фæндон у, гуырдзиæгтæн уа паддзахад зынгæ сæрибардзинадæй æмæ дзæбæхдзинадæй, рæстагдзинадæй æмæ хъахъхъæд куыд уа алчи дæр ахæм – уый фæдыл экс-президент Михеил Саакашвилийы фыстæджы дзырдæуы, кæцыйы Сæрибары фæзыл цæугæ акцийы бакастис Ника Гварамиа.
Саакашвилийы дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстон хъъуамæ уа Европаг бæстæ, кæцыйæ сæрыстыр уыдзæн алчидæр.
«Æз ам дæн, уымæн æмæ нæй гæнæн амондджын уон, фæнды мæнæн афтæ хæстæг Украинайы дæр. Нæ уыдзынæн æндæр ран, айбæрц залым ми æмæ æнамонддзинад куы уынын мæ уарзон фыдыбæстæйы. Нæу мæ бон æнæэмоцийæ кæсон, массонæй куы лидзынц адæм мæ бæстæйæ æмæ æвдæлон Гуырдзыстон сегасдæр куыырдиатджын, куыстуарзаг æмæ æгъдауджын адæймæгтæй. Нæ уыдзынæн мæ фыдыбæстæйы куынæг кæнынмæ дардæй кæсæг, уымæй мын хуыздæр у амæлын. Уый тыххæй дæр дæн ам. Ам дæн æмæ бæлвырд ахицæн кодтон мæ хайбавæрд скæнын гуырдзиаг адæмы тохмæ,мæгуырдзинады, коррупцийы, æнæхатырдзинады, æнæрастдзинады, пырх кæныны ныхмæ. Гуырдзиаг адæмимæ иумæ йæ ныхмæ слæууон Иванишвилийы режимæн, кæцы мæ бæстæйы, Путины режимы дæлбар баласын архайы. Алчи иумæ ма хъуамæ руадзæм ай æппæт æмæ алчи иумæ хъуамæ æрызхдахæм Гуырдзыстон, ныгуылæны æрдæм фæндагмæ. Скæнæм æй, демократийы, реформæты æмæ рæзынады фæндагамонæг цырагъæй. Историйы ныууадзæм уыцы талынгдзинад, мæгуырдзинад, æнæрастдзинад æмæ пырхкæнынад, кæцы æрхаста Иванишвилийы «Бæллицц». Уый тыххæй алчи хъуамæ баиу уæм бæстæйы мидæгæй æмæ йæ фæсарæнты, ахæстоны уæвджытæ æмæ сæрибар чи стæм уыдон алчидæр» – райхъусын кодта Саакашвили.
Михеил Саакашвилийы фидиуæнæй, ныр нæй гæнæн адæмы исты нысанæй кæрæдзийæ хицæн кæнын.
«Иттæг нысаниуæгджын у бамбарæм, цæмæй нæ æхсæнадæн, нæ бæстæйæн æнæмæнгхъæугæ у стыр фидыд æмæ уымæ хъуамæ уæм цæттæ. Бæстæйæн цæрынæн æнæмæнгхъæугæ у, ныууадзæм кæрæдзи дæлæмæ кæнын æмæ фыдзæрдæ æвзагæй кæрæдзимæ дзурын æмæ фæбарæм нæ кæрæдзийæн. Адæттæ фыссын ахæстонæй, æнæзакъонон ахæст, фæлæ æддæйæ фыццаджы дæр ахæм ахастæй архайдзынæн. Ноджы иу реванш æмæ маст исын моралонæй скуынæг кæндзæн нæ æхсæнад æмæ фæстагмæ ныппырх кæндзæн нæ бæстæ. Æнхъæлмæ нæм кæсы стыр ивддзинæдтæ, фæлæ уый тыххæй цыфæнды хуызы хъыгдзинад хъуамæ ферох кæнæм, аиуварс кæнæм нæ негативон эмоциты уæз, уымæн æмæ уыдæттæй куы ннæ суæгъд кæнæм нæхи, нæ бæстæ размæ нæ рацæудзæн» – дзырдæуы Михеил Саакашвилийы фыстæджы.