Михеил Саакашвили -бирæ рæттыты вæййы, полици искæмæн хæцæнгарз куы баппары, Пенсильванийы ахæстоны иудадзыгæй, фыдмитæ кæнынц ахæсттæн
Тынг бирæ рæтты вæййы, полици искæмæн хæцæнгарз куы баппары, Пенсильванийы штаты иудадзыгæй, фыдмитæ кæнынц ахæсттæн, ахæм цыдæртæ бирæ бæстæты ис, – ахæм комментарий сарызта Гуырдзыстоны раздæры президент Михеил Саакашвили Сандро Гиргвлиани æмæ Бута Робакидзейы марындзинады хъуыддæгтыл ныхасы рæстæджы.
Саакашвили телекомпани «Рустави 2»-йы эфиры куыд райхъусын кодта, афтæмæй Гуырдзыстоны уыцы рæстæджы зæгъгæ, паддзахадон аппарат уыййас фæлтæрд нæ уыд.
«Паддзахадон аппарат нæм нæ уыд. Цæй курæг стæм адæмæй, кæцы бынтон ницы зыдта цы у паддзахад. Фæлтæрд нæ уыдыстæм. 5-6 фæлтæр рацæудзæн æмæ нæм худæг кæсдзæн, абон аййас дау цæуыл цæуы, уый. Алцыппæт уый у аразгæйæ ивæзт темæтæ. Абоны уавæрты алцыппæт бынтон æндæргъуызон уыдаит, фæлæ æз нæ хъавын мæ сæр ныллæг кæнын. Нæдæр Гиргвлианийы марындзинады истон хайад, нæдæр Робакидзщейы темæимæ баст дæн æмæ хатыр, фæлæ ахæм хъуыддæгты президенты фæзылынджын кæндзæн æрмæстдæр хуы»,- банысан кодта Саакашвили.
Фарстыл, уæд зæгъгæ цæмæн уыд дзырд Гиргвлианийы хъуыддагмæ гæсгæ Страсбургы уынаффæйы Михеил Саакашвилийыл, раздæры президент банысан кодта, цæмæй Страсбургы хатдзæг зæгъгæ юстицийы нырыккон министр, Тея Цъулукиани ныффыста, уымæн æмæ йæм хисæрмагонд интерес уыдис.