Михеил Саакашвили – Бандиттæй  уæлдай æндæр чи æмбырд кæны хисæрмагонд равгы  компроматты
Михеил Саакашвили – Бандиттæй уæлдай æндæр чи æмбырд кæны хисæрмагонд равгы компроматты

Одессæйы раздæры  губернаторы  Михеил Саакашвилийы  ныхæстæм гæсгæ,  Украинæйы генералон прокуррор  Юрий Луценко, уымæ æмæ   йæ  фарсхæцджытæм  сæрмагонд равгы  компроматы  рымбырд кæныны бардзырд ратта.

«Бандиттæй уæлдай,  æндæр чи  рымбырд кæндзæн  хисæрмагонд равгы  компроматты» –  банысан кодта Саакашвили  Киевы аппеляцион   тæрхондоны,   журналисттимæ ныхасы рæстæджы.

Саакашвилийы  ныхæстæм гæсгæ, Украинаг  адæм  сабырадон фæндагæй  фæсурдзысты  хицауады.

«Саакашвилиимæ æви æнæ Саакашвилийæ,  украинаг адæм  уæддæр асурдзысты    уæлрадон фæндагæй   Украинæйы  хицауадмæ æрбацæугæ криминалты.  Тыхбын сæ бакæндзысты æвзæрстыт саразын  æмæ  сывзардзысты  ног адæймæгты, кæцытæ  никуы уал бастигъдзысты  Украинæ» – расидтис Саакашвили.