Михеил Саакашвили – амыдтой мын 2008 азы ныууагъдтаин Тбилис, науæд та, уырыссæгтæ æрбацыдаиккой æмæ сыххæст кодтаиккой, Путин Саркозийæн цы баныфсвæрдта, мæн иу бынатæй рацауындзын, уый
2008 азы æз Тбилисæй куы ацыдаин, уæд нысан кодтаит Тбилисмæ уырыссаг æфсæдды æрбацыд æмæ Тбилисы уырыссаг тырыса райтауын, – уый фæдыл Гуырдзыстоны раздæры президент Михеил Саакашвили райхъусын кодта тæрхоны рабадтыл.
«Зонут, цæмæй 2008 азы уырыссæгтæ мын, францæгты, Саркозийы æмæ америкæгты фæрцы фехъусын кодтой, цæмæй иннæ райсом уыдон æрбахызтаиккой Тбилисмæ æмæ мæн æмæ мæ бинонтæ æнæаргъæвгæйæ хъуамæ ныууагъдтаиккам Гуырдзыстон. Уæдмæ цалдæр калдтой бомбæтæ æмæ сæххимæ сраст кодтой Копитнары аэропорт, кæцы стæй рацалцæг кодтам æмæ бынтон æндæргъуызон у ерын. Уæдмæ бомбæтæ калдтой Батумы аэропорты алфæмбылæйттæ, Тбилавиамшены аэропорт дæр. Иунæг, кæцыйыл бомбæтæ нæ рыппæрстой уыд Тбилисы æхсæнадæмон аэæропорт æмæ иунæг аххос, цæй тыххæй дæр æй не скуынæг кодтой, у сæ ультиматум, ома Саакашвили ерын сбада хæдтæхæгы æмæ йæхи айса искæдæм фсарæнтæм, йæ хзæстæджытимæ иумæ. Нæ уын бамбæхсдзынæн, цæмæй иуæй-иу америкæгтæ дæр, мæ хæлæрттæ мын амыдтой афтæ бакæнын, уымæн æмæ науæд та уырыссæгтæ æрбацыдаиккой Тбилисмæ æмæ æнæмæнгæй сыххæст кодтаиккой, Путин Саркозийæн цы баныфсвæрдта, ома мæ иу бынатæй рацауыгъдтаит æмæ мæ хæстæджыты скуынæг кодтаит уый» – райхъусын кодта Михеил Саакашвили.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, уынаффæ рахæссынæн æй бахъуыд 2-3минуты бæрц.
«Зонут, цы хъуыды кодтон уыцы рæстæджы. Мæ зæрдыл ралæууыд 1921 аз æмæ бирæ хатт хъуыды кодтон, цæмæй большевикон æфсад Тбилисмæ куы æрбахызт, Гуырдзыстоны хицауад ацыд нырма Ьатуммæ, стæй Стамбулмæ æмæ стæй та Францмæ. Æз дæр бирæ хатт уыдтæн Левилы, кæцыйы уыдон балхæдтой, цы ран æрцардысты. Зонын, цæмæй ацы ацыдæй 10 азы, 20, 30, 40 азы фæстæ дæр, асджынтæй бадтысты æмæ тæрхон кодтой ацы рагон хабæрттыл, уыцы Гуырдзыстоныл, кæцыйы никуыуал фендзысты сæ цæрæнбонты. Æз ахъуыды кодтон, цæмæй мæхи ахæм уавæры никуы баппæрстаин. Æз мæ Тбилис куы ныууагъдтаин, уый нысан кодтаит Тбилисмæ уырыссаг æфсады æрбацыд æмæ Тбилисы Уырыссаг тырыса райтауын. Ай уыдис уыцы ултиматумы апп. Мæнæ Афгъанистаны ахæм уавæрты ныууагъдта президент сæйраг горæтæй куы алыгъд æмæ уайтагъд уырдæм бацыд иннæ тых. Мæ уарзон президент – Рональд Рейган иу дзырдта, цæмæй дам мах иу кæддæриддæр лæууæм иу фæлтæры фæстæ хæдбарад фесафыны тасы раз æмæ мæн хъыгагæн фæнды зæгъын, цæмæй абон æвæццæгæн æрлæууыд афон, фæнысангонд нæ куы æрыййæфта ахæм. Ахæм у объективон реалондзинад», – банысан кодта Михеил Саакашвили.