Сидын гуырдзиаг мигранттæм, афæстауæрц кæнут хца, сисут отпуск æмæ иу бон балæвар кæнут уæ бæстæйæн, кæд æрцæудзыстут, уæд уын дзырд дæттын ардгæй уæлахизгонд ацæудзыстут – уый фæдыл дзырдæуы Михеил Саакашвилийы фыстæджы, кæцыйв адвокат Валери гелбахиани, Руставы 12-æм пенитенцион уагдоны цур абон журналисттæн базонын кодта.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, эмигранттæ йæ фарсхæцынæн гуырдзыстонмæ куы рцæуой, уæд сын стыр уæлахиздзинады ныфс дæтты.
«Сидын Гуырдзиаг эмигранттæм. Стыр бузныг уын алкæмæн, чи æрцыдыстут уыдон. Чи тох кæны Руставелийы æмæ лæууы мæ ахæстоны раз уыдонæн. Чи аразы акцитæ æнæхъæн дунейы. Ныр мæ фæнды ракурон уæ, ныры онг чи рцыд уыдонæй, афæстауæрц кæнут хца, сисут отпуск æмæ иу бон балæвар кæнут уæ бæстæйæн. Ацы иу бон тынг тагъд æрлæудзæн. Кæд уыдзæн уый нын процесстæ равдисдзысты æмæ цалдæр бон агъоммæ уын фехъусын кæндзынæн. Фæлæ ацы иу бон Тбилисмæ æрцæуын æнæмæнгæй бахъæудзæн. Куы æрцæуат уæд уын дзырд дæттын, ардгæй уæлахизгонд аздæхдзыстут» – дзырдæуы фыстæджы.