Михеил Саакашвили - Æнæкоммæгæсы акцитæ, æнæмæнгæй стыр масштабæй саразын хъæуы Гуырдзыстоны
Æндæрæбоны æнæкоммæгæсы акцитæ сты уый амонæг, кæцы æнæмæнгæй стыр масштабæй саразын хæъуы Гуырдызстоны, – уый фæдыл Гуырдзыстоны раздæры преиздент Украинайы реформæтæ æххæстгæнæг комитеты сæрдар Михеил Саакашвили фыссы «Фейсбукы».
«Кæд ма фидæны дæр араздзыстæм иллюзитæ, цымæ Гуырдзыстоны нырма дæр ис паддзахад, падзахадон институттæ, закъон æмæ ацы закъонты æмæ паддзахады коммæгæс хъуамæ уæм, уæд нæхи дæр сайæм æмæ практиконæй йæ къух аразæм Иванишвилийæн нæ паддзахады фæстагмæ скуынæг кæныны.
Алчи иумæ хъуамæ зæгъæм, цæмæй ацы «паддзахадмæ» кæцыфæнды æнæкоммæгæсы акт, кæй зæгъын æй хъæуы, цивилон формæтæй, афтæ, цæмæй проблемæтæ æндæр æмбæстæгтæн ма саразæм, у æнæ æрмæст нæ бар, фæлæ ма гæнæн ис æмæ йæ хæсæй банымайын дæр кæд нæ фæнды, уа нын фидæн нæхи æмæ нæ хъæбултæн, – фæнды нæ уа нын фидæн? Хъуамæ сæ сахуыр кæнæм, цæмæй нæ бафиддзыстæм ивартæ, нæ сыххæст кæндзыстæм арæнæвæрдтæ, кæцыты сæхæдæг не ххæст кæнынц. Нæ бафиддзыстæм ивартæ, кацыйы сæхицæн нæ рафыссынц. Не ххæст кæндзыстæм сæ регуляцитæ, кæцыты сæхæдæг ницæмæ дарынц. Нæ бакоммæкæсдзыстæм сæ тæрхондæттæн, кæцы æрмæст сæ пайдайæн рахæссы уынаффæтæ. Нæ фæтæрсдзыстæм сæ иунæг репресситæй, уый нымæц нæдæр ахстытæй æмæ алкæмæн та репресситæ кæнын нæ бафæраздзысты, – афтæмæй астæдзыстæм рагъыстæг сæ системæйæн, кæцы æнцойæвæрд у бынтон æнæзакъонондзинадыл æмæ æцæг стигъындзинадыл», – фыссы Саакашвили.