Михеил Саакашвили - Æххæстæй нормализацийæн хъæуы, цæмæй мæ бæстæмæ уæгъдибарæй æрцæуыны уа мæ бон
Хъуамæ мæм уа фадат, уæгъдибарæй æрцæуон мæ бæстæмæ æмæ мын уа ахастытæ мæ фарсхæцджытимæ, не взæрстгæнджытимæ æмæ гуырдзиаг дзыллæимæ. Æххæст нормализацийæн хъæуы ацы къахдзæф саразын, – уый фæдыл Гуырдзыстоны раздæры президент, Украинайы реформæты æххæстгæнæг комитеты сæрдар Михеил Саакашвили райхъусын кодта.
Михеил Саакашвили куыд банысан кодта уымæ гæсгæйæ, парламенты цалдæр оппозицион партийы минæвары æмæ индивидуалон депутатты бацыд уыцы фоныл, бæстæйы кризис нырма куы нæ фæцис, уæд адæймаг бирæ цæуылдæр, хъуыдыты ацæудзæн.
Йæ фидиуæнæй, зæгъгæ иттæг нысаниуæгджын у цыфæнды домæнтæй цух ссæрибар уа Ника Мелиа æмæ урæд æрцæуæд адæймæгты политикон сурын.
Саакашвилийы дзырдæй, зæгъгæ уый æппæт раивын хъæуы политикон диалогæй, демокративон процессты фæлгæтты.
«Сидын алы партимæ, слæууæд сæрмагонд куындæг партион интерестæй бæрзонддæр, ма æнхъæлут, цæмæй Саакашвили куы не рцæуа бæстæмæ, уæд уын уæ уавæртæ фæенцондæр уыдзысты, бынтон иннæрдæм у хъуыддаг. Нæкæсгæйæ уымæ, цæмæй цы аскуыддзаг кæндзыстут, æз уæддæр лæудзынæн мæ адæмы фарсмæ. Фæнды мæ ацы уавæр ифтыгъд суадзын, фæнды мæ, цæмæй евроцæдисы æмæ æндæрты медиацийы процесстæн уа реалон фæстиуæг, уымæн дæргъвæтин равг хъуамæ уа, уый тыххæй та хъæуы алчи сфæнд кæнæм уавæр сраст кæнын. Науæд та фæстиуæг нæ уыдзæн æмæ уый та никæй интерестæм æмбæлы», – райхъусын кодта Михеил Саакашвили.