Михеил Саакашвили – 43 процент, базары стæм, дыууæ кило цыхт æлхæнæм æмæ ууыл базар кæнæм æви куыд?
Иттæг нысаниуæг моментыл нымайыл, цæмæй фыццаг хатт «Гуырдзиаг Бæллицц» практиконæй басастис, цæмæй ис гæнæн, уæлрадон æвзæрстытæ ауадзын, – уый фæдыл Гуырдзыстоны раздæры президент, Украинайы реформæты æххæстгæнæг комитеты сæрдар, Михеил Саакашвили, Шарль Мишелы документыл ныхасы рæстæджы загъта.
«Зонæм, цæмæн хъæуы уæлрадон æвзæрстытæ. Æнæмæнгæй хъуамæ ацæуа, уымæн æмæ раззаг æвзæрстытæ уыдысты давд æмæ фальсификацигонд», – райхъусын кодта Саакашвили.
Фарсты тыххæй куы зæгъæм, ома ног документмæ гæсгæйæ 2022 азы снысан уыдзысты æмгъуыдагъоммæ парламентон æвзæрстытæ, кæд хицаугæнæг парти бынæттон хæдуынаффæйы æвзæрстыты 43 процентæй каъддæр рымбырд кæндзæн, уый тыххæй Саакавшили дзуры, цæмæй уымæн зæгъгæ зынæмбаргæ у, цæмæн у 43 процент æмæ нæу зæгъæм 50.
«Ам хæйрæг деталты мидæг ис. Æнæмбаргæ у, цæмæн дзырдæуы 43 процентыл æмæ нæ цæуы ныхас зæгъæм 50%. Кæд гуырдзиаг адæмы фылдæры хайы разыдзинадыл цæуы ныхас, уæд ма 43 проценты цы у, базары стæм, цы базар кæнæм, дыууæ кило цыхт æлхæнæм æви цы? Цæмæн 43 æмæ 50% нæй. Ацы фарст у мæнæн тынг цымидисон. Дыкка – 43% чи хъуамæ бахыгъд кæна? Документы куыд дзырдæуы афтæмæй, аст профессион уæнгы снысан кæндзæн ЦÆК, сæ аст дæр уæнг уыдзысты «Гуырдзиаг Бæллиццы» уæнгтæ» – райхуъсын кодта Михеил Саакашвили телекомпани «Мтавари»-йы эфиры.
Европаг Советы президент Шарль Мишель, политикон партитæн ног документ знон бавдыста. Сæрмгаондæй та, Шарль Мишелы бавдыст ног документмæ гæсгæйæ, «Гуырдзиаг Бæллиццы» æнхъарæнмæ æмбæлгæйæ, 2022 азы снысан уыдзæн æмгъуыдагъоммæ парламентон æвзæрстытæ, кæд хицаугæнæг парти, бынæттон хæдуынаффæйы æвзæрстыты 43 проценттæй къаддæрдæр хъæлæстæ райсдзæн.
Уыимæ иумæ, Шарль Мишелы документмæ гæсгæйæ, бадзырд бафыссынæй иу къуыримæ, фарсытæ политизиргонд нымад дыууæ хъуыддаг хъуамæ ногæй æркæсой.