Михеил Хъавелашвили – Гуырдзыстоны националон интерестыл бындуриуæг кæндзыстæм нæ уынаффæтæ, нæ бауадздзыстæм гуырдзиаг адæмы нывондæн æрхæссын хицæн тыхты интерестæн
Михеил Хъавелашвили – Гуырдзыстоны националон интерестыл бындуриуæг кæндзыстæм нæ уынаффæтæ, нæ бауадздзыстæм гуырдзиаг адæмы нывондæн æрхæссын хицæн тыхты интерестæн

Абон у гуырдзиаг нацийы иудзинады, сæрибардзинады уарзондзинады, æнæфæцудгæдзинады æмæ æвæллайгæ тохы символ. Хæдбардзинады акт у фыццаг гуырдзиаг конституцион документ, кæцы ирдæй æвдисы гуырдзиаг нацийы фæндон йæхи хъысмæт сбæлвырд кæна – уый фæдыл Гуырдзыстоны президент, Михаил Хъавелашвили 26-æм майимæ баст мадзалы ныхасы рæстæджы расидтис.

Хъавелашвили куыд банысан кодта, афтæмæй нæ зæрдыл хъуамæ дарæм, цæмæй гуырдзиаг адæм сæхæдæг снысан кæнынц фидæн æмæ æндæр ничи.

«Нæ бæстæ кæддæриддæр æмбæлдзæн тæссагдзинæдтимæ, кæцытæн хъæуы æмбæлон реагирдзинад.Иу хатт æмæ æнустæм хъуамæ бамбарæм, цас дзæгъæлы у æнхъæлмæ кæсын, цæмæй искæцы фæсарæйнаг тых æрцæуа æмæ нæ фервæзын кæна, цæмæй саразæм цы хъæуы, цæмæй хуыздæр зонæм цы хъæуы нæ адæм æмæ бæстæйæн. Мах хъуамæ æууæндæм нæхиуыл кæронмæ æмæ нæ зæрдыл дарæм, цæмæй нæ фидæн мах стæм æмæ æндæр ничи бæрæг кæнæм» -расидтис Михеил Кавелашвили.

Кавелашвилийы ныхасмæ гæсгæ, гуырдзиаг адæмы хъару æмæ зонд куынæ уыдаит, бæстæйæн тынг уæззау æмæ тæссаг периоды, хицауады æмбæлон æмæ националон политикæ иунæгæй ницы пайда уыдаит.

Михеил Хъавелашвилийы ныхасмæ гæсгæ, тыхджын æмæ иугонд Гуырдзыстон æнæ нæ абхазаг æмæ ирон хотæ æмæ æфсымæртæй хъуыды кæнæн нæй.

«Мах æппынфæстаг фæуæлахиз уыдзыстæм æмæ реализаци кæндзыстæм иугонд Гуырдзыстоны идея, кæд æмæ нæ бон суа нæ æмбæстæгтæн иумæйаг хæрзиуджытæй спайда кæнын Сухумы æмæ Цхинвалы афтæ дæр Тбилисы æмæ Батумы, Горы æмæ Зугдиды æмæ нæ бæстæйы æндæр горæтты. иугонд, тыхджын æмæ дидинæфтыд Гуырдзыстон Хуыцау бахъахъхъæнæд нæ æмæ нæ райгуырæн бæстæйы», -расидтис Хъвелашвили Михеил.