Михеил Джанелидзе -  Уæрæсейы къахдзæфæн йæ нысан у  оккупацигонд регионты максималонæй йæхи дæлбар бакæнын
Михеил Джанелидзе - Уæрæсейы къахдзæфæн йæ нысан у оккупацигонд регионты максималонæй йæхи дæлбар бакæнын

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министр Михеил Джанелидзейы  аргълæвæрдæй,   оккупацигонд  Хуссар Ирыстоны  а.х.  гархджын тыхты  Уæрæсейы скондмæ ахизын у Уæрæсейы æрдгæй  оккупацигонд Гуырдзыстоны регионты  анексийы  æрдæм къахдзæф.

«Бадзырд  кæцыйыл  скуыддзаг  райста Уæрæсейы хицауад æмæ кæцы баст у а.х. Хуссар Ирыстоны  гарзджын тыхты Уæрæсейы  гарзджын тыхты скондмæ ахизынимæ,  Уæрæсейы æрдгæй ноджы ик  æнæлегалон къахдзæф у, кæцы  йæ ныхмæ цæуы алы æхсæнадæмн   нормайæн, принципæн æмæ  Уæрæсе йæхимæ цы хæстæ райста  æхсæнадæмон дзыллæйы раз, уый æппæты ныхмæ у. Ацы къахдзæфæн йæ нысан у,  оккупацигонд регионты максималонæй   йæхи дæлбар бакæнын  æмæ сыл кантрол фæтыхджындæр кæнын.  Уый та у  фактон анексийы æрдæм  къахдзæф.  Цæй зæгъын æй хъæуы,  уымæн ницы  барадон статус уыдзæн,  фæлæ хъыгагæн  уырыссаг политикæ дарддæр кæныю   Мах ацы къахдзæф фауæм  æмæ  æхсæнадæмон æмгарадмæ сидæм,  ацы конкретон  архайдæн æмбæлон аргъ скæна.  Мах сабырадон политикæйы фæлгæтты, конфликты сабырадонæй  аскуыддзагы тыххæй  алцыппæт  аразæм» –  расидтис Михеил Джанелидзе.

Уæрæсейы министрты  кабинет, оккуапцигонд Хуссар ирыстоны  а.х. æфсады  Уæрæсейы Федераийы æфсæддон тыхты скондмæ баконды боны фæткъы зæрдæмæдзæугæйыл банымадта.