Михеил Джанелидзе - Уæрæсейы Федераци уадзы деструктивон политикъæ
Уæрæсейы деструктивон политикæ йæ ныхмæ у ОБСЕЙы бындурон принциптæн – афтæ аргъ кæны Гуырдызстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Михеил Джанелидзе Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министр Сергей Лавровы фидиуæнæн.
«Гуырдзыстоны территоритон æнæхъæндзинад нымадмæ ист у æхсæнадæмон дзыллæйы æрдæй, æхсæнадæмонæй разы арæнты фæлгтты æмæ æхсæнадæмон дзыллæ, Абхазийы æмæ Цхинвалы регионы нымадмæ исы æрмæстдæр Гуырдзыстоны сконды. Уымæ æмбæлгæйæ дæр, цыфæнды архайд, кæцы баст у Уæрæсейы деструктивон политикъæйы «закъонмæ гæсгæ сбæлвырд кндзæн» æви нæ, нрайст уыдзæн æхсæнадæмон дзыллæйæн æмæ уый фæбæрæг ОБСЕ-йы министрты советы фæлгæтты, кæцыйыл Уæрæсейы Федерацйи у иунæг, кæцымæ дæр ахæм позици ис» – загъта Джанелидзе.
Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министр Венæйы, Фыццаг Каналы уацхæссæгы фарстæн дзуапп ратта æмæ расидтис, цæмæй Уæрæсе, кад кæны Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинадæн афтæ, куыд дыууæ ног республикæйы, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазийы хæдбардзинадæн.