Михеил Джанелидзе - Сирийы æрдгæй Абхазий æмæ Хуссар Ирыстоны хæдбарад банымайын æхсæнадæмон æмгарад æнæмæнгæй хъуамæ бафауа
Гуырдызстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Михеиль Джанелидзе Сирийы æрдгæй Абхазий æмæ Хуссар Ирыстонæй цы регион хуындæуы уыдоны «хæдбарад банымады» тыххæй фидиуæн аразы «Твиттеры».
«Гуырдзыстоны дыууæ историон регионы – Абхазийы æмæ Цхинвалы регионы хæдбарад банымайын, Уæрæсейы æрдгæй манипуляцийы фæстиуæгæн, Асады режимы æрдгæй, у æхсæнадæмон барады нормæты ноджы иу тызмæг саст. Ацы факт æхсæнадæмон æмгарад æнæмæнгæй хъуамæ бафауа»- фыссы Михеил Джанелидзе.
Сирийы фæсарæн хъуыддæгты министрад, орккупацигонд Абхазийы æмæ «Хуссар Ирыстоны» нымадмæ райсты фæдыл фидиуæн хæлиу кæны.
«Сирийы ныхмæ террористон агрессийы фоныл, дыууæфарсон разыдзинадæй, Сирийы Арабты Республикæ æмæ Абхазийы æмæ «Хуссар Ирыстоны» республикæтæ æрныхас кодтой, кæрæдзийы нымадмæ райсты баивды фæдыл, Сирийы æмæ Абхазийы æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн ахастыты æрфидар кæныныл. Дипломативон ахастытæ бындурæвæрд цæуынц минæварадты æмвæзадыл» – банысангонд у фидиуæны.