Михеил Джанелидзе - Хъæууон хæдзарады къабазы Евроцæдисы æххуысы бæрц 500 милуан ларийæ ахызт
Гуырдзыстоны вице-премьер, фæсарæн хъуыддæгты министр Михеил Джанелидзе хайад райста хъæууон хæдзарады райтынгы Европæйы сыхагон программæйы (ENPARD) фыццаг фазæйы (2014-2017 азты) фæстиуджыты бахыгъдгæнæн конференцийы – « хъæуты хуыздæр царды тыххæй».
Уазджытæм басидтысты Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Къвирикашвили, Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Янош Херман æмæ хъæууон хæдзарады министр Леван Давиташвили.
Презентацитæй ралæууыдысты ENPARD -ы бенефициартæ, кæцытæ сæрмагонд фæлтæрддзинады æмæ кооперативты райтынгы хъуыддаджы Евроцæдисы хайбавæрды фæдыл.
Фæнысан кæнинаг у, цæмæй ENPARD -ы фыццаг фазæ 2014-2017 азты 150 милуан ларийы бюджетæй цыдис æххæст. Йæ сæйраг нысан æнцой у хъæууон хæдзарады министрады æмæ секторы баст æндæр институциты модернизаци æмæ профессион фæлтæрдты баахъаз кæныныл, се рдгæй фермертæн хуыздæр консультациты ауадзыны æххуыс æмæ Гуырдзыстоны хъæууон хæдзарады райтынгы европаг моделы æрфидар кæныныл.
Конференцийы фæлгæтты сырæзт кооперативты продукцийы дегуцстаци æмæ евроцæдисы финансгонд хъæууон хæдзарады райтынгы инициативæты фото-равдыст. Мадзалыл уыдысты Гуырдзыстоны хицауады æмæ Евроцæдисы минæвæрттæ, ENPARD -ы æххæстгæнæг æхсæнадæмон æмæ бынæттон организацитæ, афтæма дипломативон корпусы минæвæрттæ.