Михеил Джанелидзе – ИНО-ы резолюци иттæг нысаниуæгджын у лигъдæтты барты æхсæнадæмонæй банымадæн
ИНО-ы резолюци иттæг нысаниуæгджын у лигъдæтты барты æхсæнадмон дзыллæйы æрдгæй нымадмæ райстæн – уый фæдыл Гуыдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты мингистр, Михеил Джанелидзе райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, иттæг нысаниуæгджын у, цæмæй абон резолюци рекордон нымæцы фарсылхæцæн хъæлæстæ райста.
«Æхсæнадæмон форматты, Гуырдзыстоны ныхмæ Уæрæсейы уæлпрецедент активондзинадмæ æнæкæсгæ, мах иу уæддæр бахъом вæййæм æхсæнадæмон дзыллæйы мобилизаци скæнын уыцы проблематикæмæ гæсгæ, кæцы сырæзт Уæрæсе-Гуырдзыстоны конфликты фæстиуæгæн. Ацы резолюци иттæг нысаниуæгджын у лигъдæтты барты æхсæнадæмонæй нымадмæ райстæн.
Афтæдæр нысаниуæгджын у, цæмæй рекордон нымæцы разы хъæлæстæ райстам – 81 паддзахад рахæцыд йæ фарс лигъдæтты æмæ тыхбын бынативгæ уæнгты сæрмагонд хæдзæрттæм æрыздæхыны барæн. Уырнæг дæн, цæмæй æхсæнадæмон дзыллæйы æххуысы руаджы æнæмæнгæй гæнæн суыдзæн сæ барты сæххæст» – банысан кодта Джанелидзе.
ИНО-йы генералон ассамблей, 72-аг сессийыл знон ноджы иу хатт райста Гуырдзыстоны инициргонд резолюци «Абхазæй, Гуырдзыстон æмæ Цхинвалы Регионæй/Хуссар Ирыстон, Гуырдзыстон тыхбын бынативгæ уæнгты æмæ лигъдæтты статусы фæдыл». Резолюцийæн ацы аз, схъæлæс кодта 81 паддзахад.