Гуырдзыстоны вице-премьер, фæсарæн хъуыддæгты министр Михеил Джанелидзе Кувейты кусæн визиты фæлгæтты Кувейты паремьер-министр Шейх Джабер аль-Мубарак аль-Хамад ас-Сабахимæ фембæлд.
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийæ фембæлдыл фæрстæ сбæлвырд кодтой Гуырдзыстоны æмæ Кувейты æхсæн архайæг хæларон æмæ партнерон ахастытæ æмæ бахахх кодтой фæстаг азты æмкуысткæнынады иттæг позитивон динамикæ бирæ æрдæм. Фæрстæ æвæрццаг аргъ скодтой бæстæты æхсæн æмгуыстады иууон комитеты саразынæн æмæныфс разагъдтой, цæмæй 2018 азы сырæздзæн къорды фыццаг фембæлд.
Фембæлдыл ноджы иу хатт сбæлвырд ис дыууæ фарсы интересдзинад райтынг кæной фæдылдзог æмкуысткæнынадд æмæ ацы æрдгæй банысан кодтой бæрзонд æмвæзады фембæлдты æмæ визитты нысаниуæг. Михеил Джанелидзе Кувейты прмеьр-министры, Гуырдзыстонмæ фæхуыдта.
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр 12-13 февралы Кувейты кусæн визитæй уæвы. Михеил Джанелидзе хайад исы Исламы Паддзахады ныхмæ глобалон коалицийы фембæлды.