Фæсарæн хъуыддæгты раздæры министр Михеил Джанелидзе кусын адарддæр кæндзæн æнæхицауадон секторы.
Михеил Джанелидзе журналисттæн куыд фехъусын кодта афтæмæй, гæнæн ис афæдзы кæронмæ бындурæвæрд æрцæудзæн центр, кæцы европæйаг фæткдариуæгы æмæ экономикон политикæйы æрдæм кусдзæн, афтæдæр йæм уыдзæн консультацион сервистæ.
«Фæлтæрддзинад кæцыйы азты дæргъы истон паддзахадон структурæты куысты рæстæджы, нырид æхсæнадон секторæй æмæ æндæр организациты руаджы, фæстæмæ мæ бæстæйæн рабæззын кæндзынæн. Фæстæмæ уыцы темæтыл кусдзынæн, кæцытæ мын сты хорз зонгæ æмæ кæцы мæ бæстæйы фидæнæн у нысаниуæгджын. Центры ардæма уыдзæн фæткдæттынадон реформæтæ, экономикон политикæ, бизнес æрдз, европаг реформæтæ æмæ европаг интеграци»,- райхъусын кодта Михеил Джанелидзе.